Главная Случайная страница


Полезное:

Как сделать разговор полезным и приятным Как сделать объемную звезду своими руками Как сделать то, что делать не хочется? Как сделать погремушку Как сделать так чтобы женщины сами знакомились с вами Как сделать идею коммерческой Как сделать хорошую растяжку ног? Как сделать наш разум здоровым? Как сделать, чтобы люди обманывали меньше Вопрос 4. Как сделать так, чтобы вас уважали и ценили? Как сделать лучше себе и другим людям Как сделать свидание интересным?


Категории:

АрхитектураАстрономияБиологияГеографияГеологияИнформатикаИскусствоИсторияКулинарияКультураМаркетингМатематикаМедицинаМенеджментОхрана трудаПравоПроизводствоПсихологияРелигияСоциологияСпортТехникаФизикаФилософияХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника






УАЛДЗÆДЖЫ ЦИН





Æз тарæй ахæстоны бадтæн —

Æмбæхстой уалдзæджы мæнæй.

Æз бадтæн, садтæн æмæ тадтæн,

Нæ кодтон иу минут фынæй.

 

Æруасыд рудзынгæй дзывылдар,

Æрзарыд зæрватыкк хъæрæй.

Мæ худт, мæ уарзт, мæ цин фæфылдæр —

Уый уалдзæг, уалдзæг у, сæрæй.

ФИАЛКÆ

Уалдзæг ам нæ уыдтæн,

Ахæстоны бадтæн.

Давæг æз нæ уыдтæн —

Тадтæн æмæ тадтæн...

 

Дидинджытæ чидæр

Рудзынгæй æрбахста.

Загъта: «Уæ, мæ сидзæр,

Дидинджытæ ахсгæ».

 

Фиалкæты бастæй

Рудзынгыл æрцахстон...

Зæрдæ феуæгъд мастæй —

Дидинджытæ уарзтон.

***

Хуыссын дæлгоммæ, уæ, мæ хох, дæ дуртыл.

Хъæрзыс, дзыназыс, хъусын та дæ маст.

Дæ низ — мæ ниуд. Кæуыс та ды дæ хуртыл,

Кæныс мæнæн æдзухæй дæр дæ хъаст.

 

Фæталынг ком. Ныгуылы хур дæ къултыл.

Мæ хъустыл уайы сау комæй цъæхахст:

«Фæдис! Бæттынц. Хæцынц та мын мæ хурхыл!»

Рæдувын æз мæхи — фæдæн дæ дуртыл баст...

***

Тызмæг зымæг, куы лыгъдтæ ды,

Нæ уалдзæг хъазгæйæ куы 'рттывта,

Уæд та ныххаудтæн æз мæты,

Уæд та мæ удхæссæг фæлывта.

 

Йæхи рæдывта уый мæнмæ,

Йæ цæвæг сигæцыл ысдаудта.

Уый тардта, тардта мæн цæммæ,

Йæ дæндаг цæвæгæй ысхъаудта.

***

Æз кæуын, дзыназын, æз фæниуын, ниуын.

Æз фæниуын, ниуын, фехъусыс мæ, цы?

Сау зæрдæ фæсудзы мидæгæй мæ риуы,

Мидæгæй мæ риуы сау туджы мæцы.

 

Уалдзæгмæ бæллыдтæн, уый цинæй рæзыдтæн.

Уый цинæй рæзыдтæн карз зымæджы æз.

Уалдзæг мæ фæсайдта, раджы уый нæ зыдтон,

Раджы уый нæ зыдтон, сæфдзæни мæ рæз.

 

Тарф зымæг мæ хордта, тарф зымæг мæ надта,

Тарф зымæг мæ надта, зæрдæ дзы ныссуй.

Уалдзæг мæ фæсайдта, дидинджытæ радта,

Дидинджытæ радта сау халонæн уый.

 

Сау халон фæхæссы, сау халон сæ хъазы,

Сау халон сæ хъазы фаджысы сæрыл.

Уый мæнмæ ныр уасы, адæмы туг нуазы,

Адæмы туг нуазы алы ран зæххыл.

 

Нал фæразын зæххыл, фескъуыйы мæ зæрдæ,

Фескъуыйы мæ зæрдæ, тоны та мæ риу.

Бахус и мæ хъæлæс, нал хъуысынц мæ хъæртæ.

Иа Хуыцау, мæ хъæртæй фехъуысæд дæм иу!







Date: 2015-09-24; view: 483; Нарушение авторских прав



mydocx.ru - 2015-2024 year. (0.005 sec.) Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав - Пожаловаться на публикацию