Главная Случайная страница


Полезное:

Как сделать разговор полезным и приятным Как сделать объемную звезду своими руками Как сделать то, что делать не хочется? Как сделать погремушку Как сделать так чтобы женщины сами знакомились с вами Как сделать идею коммерческой Как сделать хорошую растяжку ног? Как сделать наш разум здоровым? Как сделать, чтобы люди обманывали меньше Вопрос 4. Как сделать так, чтобы вас уважали и ценили? Как сделать лучше себе и другим людям Как сделать свидание интересным?


Категории:

АрхитектураАстрономияБиологияГеографияГеологияИнформатикаИскусствоИсторияКулинарияКультураМаркетингМатематикаМедицинаМенеджментОхрана трудаПравоПроизводствоПсихологияРелигияСоциологияСпортТехникаФизикаФилософияХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника






ТУЛГÆ ДУР





Хохæн йæ бæрзондыл иу дур лæууыд,

Дуртæй рæсугъддæр йæхицæй нæ уыд.

 

Даудта йæ дымгæ, сæрфта йæ æдзух,

Рог æврагъ уымæй нæ кодта, нæ, цух.

 

Калдта цæхæртæ уый, мæйтæ дзы каст.

Диссаг: кæцæй йæ ысхаст, йе æрхаст?

 

Стыр цад хохы бын худти, куыдта.

Сау хох йæ сау буар цады уыдта.

 

Хохæн йæ сау рагъыл дур дæр лæууыд,

Дуртæй рæсугъддæр йæхицæй нæ уыд.

 

Бахæлæг кодта йæм хохы сæр дур:

«Далæ ку' и доны бын дуртæй дæр хур.

 

Цон æмæ донмæ ныттулон, кæсон,

Дуртимæ, хуримæ 'рттивгæ цæрон».

 

Ратылди хохæй, хъæргæнгæ цæуы,

Хох дæр йæ фæдыл кæуы 'мæ кæуы.

 

Ратахт йæ фæдыл уæд цæргæстæй дзуг,

Хох ысси иууылдæр бумбули, туг.

 

Цæргæстæ холынхъæл дуры сырдтой,

Гъемæ кæрæдзийы хордтой, тыдтой...

 

Дур дæр йæхицæн дæлæмæ тылди,

Й' алыварс цæргæстæй иу дзуг зылди.

 

Рухс дур æрхæццæ 'мæ цады ныххауд,

Доны уый хауд æмæ хауд æмæ хауд...

 

Хауди 'мæ хауди уый цады фыдтагъд...

Цады бын сау æрхы зæххы ныссагъд.

 

Цадæн йæ быны лæууы 'мæ кæсы,

Цъæх арвыл æрттивгæ хуры мысы...

 

Доны æндæр дур йæхи уый хуыдта,

Хурмæ æдзухæй куыдта 'мæ куыдта.

АБЫРДЖЫТÆ

Сусæгæй, тарæй, тæрхъусау тæссæй

Хъахъхъæнынц хъæдæн йæ бынтæй.

Хæмпæлы бадгæйæ бирæгъхуызæй

Улæфынц уыдон сæ зынтæй.

 

Бирæ хатт уыдон мæлгæйæ сыдæй

Фæндæгтыл цæуджыты сафынц.

Бирæгътæ афтæ ыстонгæй, зыдæй

Комкоммæ хъæутæй фæдавынц.

 

Уыдон нæ зонынц æфсымæр. Хæрынц

Иууыл, кæйдæриддæр арынц.

Бирæгъау сау хъæды зилынц, цæрынц.

Фæндæгтыл искæйы марынц.

 

Тарæй, æнкъардæй сæ цардмæ кæсынц.

Хъæддзæг цард уыдон нæ зонынц.

Тæрхъусы фезмæлдæй уыдон тæрсынц,

Адæмы се знæгтæ хонынц.

 

Уыдон дæр рухс цардмæ рагæй бæллынц,

Марынц уæддæр ма 'мæ давынц.

Сау хъæды фæндæгтыл уыдон мæлынц,

Ахсынц сæ, дардмæ сæ сафынц...

 

Ме 'ххормаг гобитæ, уарзын уæ æз,

Зоны мæ зæрдæ уæ тар зын.

Тар хъæд уын сафы уæ тых æмæ рæз.

Уарзын, зæрдæйæ уæ уарзын.

ТАЛЫНГÆЙ РАЙГУЫРГÆТÆ

Уазал, стонг æмæ мæлæт

Бауарзтой мæ бæстæ.

Нæт, мæ адæм, хохы нæт

Тонгæйæ дæ фæрстæ.

 

М' адæм лæгæтты цæрынц:

Алырдыгæй — дуртæ.

Зымæг стъæлхатæ хæрынц,

Сæрды та — хъæдуртæ.

 

Ризы уазалæй мæ хох,

Сæфынц дзы ыстонгæй.

Уым нæ кæнынц адæм рох.

Бирæгъты æрдонгæй.

 

Тонгæ 'взонынц сын сæ мард

Бирæгътæ фыдбоны.

Цæй, кæцæй та сæ фæтард?

Чи та мын сæ тоны?

 

— Цæй, кæцæй цæут сымах,

Уазал, стонг, мæлинаг?

— Талынг тарæй суры мах,

Агурæм хæринаг.

 

Уарзын, уарзын дæ, мæлæт, —

М' адæмы кæй уарзыс.

Нæй дæуæн, мæлæт, мæлæт,

М' адæмы нæ уадзыс.

***

Хæцаг калм... Лæгæттæй фæздæг.


Хæрз сидзæрты цæсгуытæ.

Цæуынц мæлæтмæ арф, хæстæг.

Зæронд амад мæсгуытæ.

 

Гуыбыр адæм бызгъуырты тыхт,

Æд къахæнтæ цæугæйæ.

Æрыскъæфт чызг, нæвæндон тыгъд,

Зæрдæбынæй кæугæйæ.

 

Мæрдон ысмаг. Куыст-хиды тæф.

Зæронд зæппæдзтыл зилын.

Æнгузы тæф, хæххон уæлдæф

Цæрæнбонты фæцъирын.

 

Кæсын æдзынæгæй фæлмæн,

Æргом кæсын мæлæтмæ.

Мæ хæлар, адоныл мæнæн

Мæ фæндаг у дзæнæтмæ.

УЫГ

Æхсæв æнцад фæцæйцæуын нæ уынгмæ,

Куы ныхъхъус вæййы бæстæ, уæд.

Цæуын æнцад фæхъусынмæ нæ уыгмæ.

Уæ, уыг! Дæ хъæртæ мæм цæуæд!

 

Дзыназы уыг та, зæппадзæй дзыназы,

Ныхъхъуыста зæрдæ йæм бынтон:

Уæ, уыг! Дæ дзынæзт зæрдæ ласы, ласы, —

Дæ хъæрзты ис мæлæт — фæндон.

 

Æхсæв æнцад сабырдзинад ды тауыс.

Æнкъардæй хъусын иу дæумæ.

Æхсæв ды мæрдты зæппæдзты рæвдауыс,

Нæ тæхыс зæппæдзтæй хъæумæ.

 

Æз уарзын дæу, уæ, уыг, зæрдæйæ уарзын, —

Кæй уарзыс талынг, мæрдты ды,

Дæ дзæнæт зæрдæйæ кæй суры сау зын

Æмæ æнцойдзинад дæтты.







Date: 2015-09-24; view: 371; Нарушение авторских прав



mydocx.ru - 2015-2024 year. (0.011 sec.) Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав - Пожаловаться на публикацию