УЫНГÆГ МÆЙДАР
Сау мæйдар æхсæвы
Диссæгтæм-ма хъус.
Хъус, дæ куыст нæ сæфы,
Сау мæйдарæн кус.
Байхъус-ма, куыд хъæрзы
Саугуырм уыг кæмдæр.
Зæрдæ йæ фæфæрсы:
«Циу цымæ дæ хъæр?»
Ололи дзыназы
Сау хъæды æхсæв.
Зæрдæ йæм нæ хъазы,
Зоны йын йæ цæф.
Зæрдæ хуылфæй ласы
Ололийы уаст.
Байхъус-ма, дзыназы.
Зоныс, цы, йæ маст?
Рыст зæрдæ ныхъхъуыста,
Уынæргъы æнцад.
Сæр йæхи нынкъуыста,
Тынг цыма æрсад.
Сау цæссыг ныккалдис
Уынæргъынмæ тынг.
Хуылфмæ марг ныттагъдис,
Зæрдæ та ныззынг.
Ололийы зарæг...
Цымæ та цы ис?
Ахæм у мæ хъарæг,
Хъарæджы мæт ис.
***
Хур хъуынджын цæстæй кæсы,
Уый йæ æрфыджы бын бамбæхст,
Бакуырм, бацъынд и йæ хъарм цæст.
Уарын æврæгъты хæссы.
Лидзынц алы рæттæм сырдтæ,
Нал ис иу
Бæстыл цъиу.
Хъæдæй нал цæуы сыбыртт дæр.
Зæхх ныссабыр и, кæсы —
Уый тæрсы...
Арв ысмæсты 'мæ кæлы,
Уый гыбар-гыбур кæны,
Уым хæцынц цыма æфсæдтæ.
Арвы змæнтынц зæдтæ, зæдтæ.
Хъус — гæрах!
Калы, калы арв цæхæртæ.
Басаст, хъусы йæм мæ зæрдæ.
Ризы рагъ.
Зæдтæ, зæдтæ нæ, нæ хæцынц,
Уыдон сау туджы нæ мæцынц.
Уый нæ зæххыл арв кæуы,
Арвæй рухс цæссыг цæуы.
Хауы, хауы цæссыг арвæй,
Цæссыг хауы зæхмæ тарфæй...
Банцад арв йæ куыд, йæ хæстæй,
Райста цæссыгæй йæ хæстæ.
Дардмæ æврæгътæ цæуынц, —
Уым ма сау зæххыл кæуынц.
Арв фæсыгъдæг, хур фæхудти,
Уый фæхудти та нæ зæхмæ.
Калы, калы тынтæ зæгъмæ.
Федтон фын —
Арвыл тын.
Зæхх йæ хуыз фæливы, ивы,
Зæххæй цъæх кæрдæг æрттивы,
Калы дидинæг йæ тæф,
Байдзаг уый тæфæй уæлдæф.
Зæхх у дзаг фæстæмæ цардæй,
Кæс ды арвы тынмæ дардæй.
Арвыл алырдæм æрттивы,
Зæрдæ уый йæхимæ ссивы.
Кæс, фæлидзы арвмæ тын.
Сæфы. Фесæфти мæ фын.
Кæс йæ фæстæ цинæй джихæй
Тигъæй.
***
Тахти арвæй зæхмæ урс зæд.
Федта, тар кæй у нæ зæхх.
Уый йæ фæстæ уагъта рухс фæд,
Хаста рухсы та Дæлдзæх.
Калмæй, бирæгъæй, мæлæтæй —
Дзаг уыд иууылдæр нæ зæхх.
Лæг дзы баст уыди къæлæтæй,
Уыд йæ зæрдæ та фыдцъæх.
Дзаг уыд тар зæхх маргæй, мастæй,
Зæххыл уыд Зындон, Зындон.
Зæд уый бауарзта йæ уарзтæй,
Уый йæ бауарзта бынтон.
Date: 2015-09-24; view: 425; Нарушение авторских прав Понравилась страница? Лайкни для друзей: |
|
|