Полезное:
Как сделать разговор полезным и приятным
Как сделать объемную звезду своими руками
Как сделать то, что делать не хочется?
Как сделать погремушку
Как сделать так чтобы женщины сами знакомились с вами
Как сделать идею коммерческой
Как сделать хорошую растяжку ног?
Как сделать наш разум здоровым?
Как сделать, чтобы люди обманывали меньше
Вопрос 4. Как сделать так, чтобы вас уважали и ценили?
Как сделать лучше себе и другим людям
Как сделать свидание интересным?
Категории:
АрхитектураАстрономияБиологияГеографияГеологияИнформатикаИскусствоИсторияКулинарияКультураМаркетингМатематикаМедицинаМенеджментОхрана трудаПравоПроизводствоПсихологияРелигияСоциологияСпортТехникаФизикаФилософияХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника
|
ХÆЙРÆГ
Уыдис, уыдис уый зæд, уыд дауæг. Уæларвы æврæгътыл уый тахт. Уый Рухсы цард, уыд Рухсы тауæг, Хуыцауæн зарыди йæ цагъд.
Уæлдай, уæлдай æрттывд уый кодта, Уыдис ын базыртæ æхсæз. Йæхæдæг сусæг фæнд ыскодта: «Цæй, уон, цæй, уон æрмæст æз, æз».
Хуыцаумæ стыр хъыг уый куы 'ркаст, Уæд æй æрæсхуыста дæлæмæ, зæхмæ... Æрхауы, хауы... Зæхмæ, зæхмæ... Æрхаста зæхмæ марг уый, маст...
Уый — стыр æлгъыст, æлгъыст, æлгъыст, Æрцарди зæххыл, Æрбадти æххыл. Нæ зæхх, нæ зæхх ныррызт, ныррызт, Уый марджы тылд... Нæ бындур галиумæ ныззылд... Ныззылд, зылд, зылд Нæ зæхх... Уый марджы стылд дзæбæх. АУУОНЫ ХЪÆРТÆ Кæсын, кæсын дæумæ, уæ, Хæйрæг. Æз дæумæ кæсын. Дæ быны ды мæ Иры скодтай. Фæзын, фæзын мæм ды. Хæцын, дæуæй хъæрзын... Мæ Иры ды æвзонгæ схордтай.
Æрхаудтай рухс уæларвæй ды зæхмæ, зæхмæ, зæхмæ. Дæ бæстæ — талынг, талынг, талынг. Дæ хъæр, дæ худт, дæ куыд хъуысынц нæ лæгæттæй мæнмæ, Уæ, бæстæ, бæстæ, бæстæ халæг.
Мæнгард, гæды, фæлывд, фæлдыст, уæ, Стыр Хæйрæг, Æрцардтæ лæгæтты нæ хæхты. Фæивыс мин хатты дæ хуыз: куы ус, фыдус, куы лæг... Ныххойы рухс дæу фæхты, фæхты.
Ды Рухсæй лидзыс, талынджы хæтыс, уæ, стыр æлгъыст! Æнæкæронæй хуыз фæливыс. Хæцын æз демæ ам, фæлдыст. Æртыхст мæныл, æртыхст Дæ аууон. Уым та худгæ ссивыс.
Уæ, сауцæсгом! Зæрдæсайæг сызгъæринау ды дæ. Дæ аууон аууæтты фæтæхы. Уæ, марг, уæ, арт-хæйрæг, мæрдон ысмаг, уæ, стыр цыдæр, Дæ тар рухс тар бæстыл фæлдæхы.
Цæуын, цæуын. Кæм дæ? Уæ, адджын марг, уæ, мин низы! Дæ фæдыл аууæтты хæтдзынæн. Уæ, стыр цыдæр... Сызгъæринты æрттывд... Уæ, тутт ницы, Æз демæ аууæтты хæцдзынæн. Date: 2015-09-24; view: 404; Нарушение авторских прав |