Главная Случайная страница


Полезное:

Как сделать разговор полезным и приятным Как сделать объемную звезду своими руками Как сделать то, что делать не хочется? Как сделать погремушку Как сделать так чтобы женщины сами знакомились с вами Как сделать идею коммерческой Как сделать хорошую растяжку ног? Как сделать наш разум здоровым? Как сделать, чтобы люди обманывали меньше Вопрос 4. Как сделать так, чтобы вас уважали и ценили? Как сделать лучше себе и другим людям Как сделать свидание интересным?


Категории:

АрхитектураАстрономияБиологияГеографияГеологияИнформатикаИскусствоИсторияКулинарияКультураМаркетингМатематикаМедицинаМенеджментОхрана трудаПравоПроизводствоПсихологияРелигияСоциологияСпортТехникаФизикаФилософияХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника






AElig;НÆМÆТ АДÆМ





Мæн гъеныр дисæй фæрсынц:

«Цæмæн æппарыс дæ цард?

Цæмæн дæ фыдхуыз, æнкъард?» —

Мæ фæстæ джихæй кæсынц.

 

Мæллæг хъæлæсæй зæгъын:

«Уæдæ куыд? Цы кæнон ныр æз?

Мæ удæн куынæ и фæрæз

Сымахау... Зын у цæрын...

…………………………

 

Сау лæг мын айста мæ худт.

Зæрдæйы сау дур фыцы.

Фидар ыл сау сынт хæцы...

Уый тыххæй нал дæн рæсугъд...»

 

«Æвгъау бæргæ уыд дæ сæфт...

Цæугæ, дæ низ ныл хæцы.

Цæугæ, нæ туг дæ тæрсы.

Цæугæ, фæкæ ныр хæрзсæфт!»

 

Мæ фæстæ дуртæ æхсынц.

Цæуын сындæггай æз дæр.

Фæрыст сæ дзырдтæй мæ сæр...

Дзурынц... Худынц... Хæрынц...

***

Хæтын æз хæхтыл, цæуын æз хъæдты,

Цæуын.

Цæуын цыргъ къæйтыл, фыдлыг — мæ къæхтæ.

Кæуын.

 

Бырын фыдкъулты, бырын сындзытыл,

Бырын.

Кæнын хуынчъытæ, уынын сынчъытæ —

Фыдрын.

 

Æз лидзын, лидзын. Нæ, нæ, нæ зонын, —

Кæдæм.

Фæдæн дæлдзæхы фыддæр æнцонæн,

Фæдæн.

 

Æз хауын, хауын дæлдзæх, дæлдзæхдæр,

Бындæр.

Æвзарын марг дæр, къæдзæх фыд-зæхх дæр,

Зын дæр.

 

Æз хауын, хауын. Дæлдзæхдæр хауын

Фыдтагъд.

Фыддæр фыдæнæн æз зæххыл тауын

Мæ цард...

 

Ды ма ку, ма ку, мæ цагъдыл ма ку,

Мæ мад.

Зæххæй ды ма кур, дæлдзæхы агур

Мæ мард.

***

Ныууагътон,... хох, дæ сау ком,

Кæй ис уым адæмы хъæрзын.

Хæссын æз мемæ ныр дæ сау ном,

Хæссын мæ зæрдæйы дæ зын.

Æз лидзын комæй, хох, дæ цъупмæ,

Бырын дæ цъупмæ æз, бырын.

Æз хурæн акасон йæ худтмæ,

Кæд цъуппыл нал уынин фыдрын.

***

Фæсырдтой мæн

Мæ хохæй дардмæ.

Бæллынц мæ мардмæ.

Фæрсыс: «Цæмæн?»

 

Фæдæн фæлмæн,

Тæхын æз цардмæ.

Нæ бæллын кардмæ,

Зылын нæ дæн.

 

Рæстдзинад н' арынц.

Фæсурынц дард, —

Рæстæй кæй арынц.

 

Кæй арынц, — марынц.

Зылын — сæ цард...

Фырцинæй зарынц.

ТАРД

Дæуыл фæхастон,

Мæ хох, мæхи.

Мæлын дæ мастæй

Ныр æз.

 

Ныр федтай де сæфт

Мæнæй, мæнæй.

Дæу тыххæй фесæфт

Мæ рæз.

 

Ды сурыс дардмæ,

Мæ хох, ныр мæн,

Бæллыс мæ мардмæ...

Цæмæн?

 

Фыдæнæн уадзын

Дæуæн мæ зард.

Мæ хох! Æз уарзын

Дæ цард...

 

Ныр дард мæ хохæй

Кæмдæр лæууын.

Мæ хохæй рохæй

Кæуын.







Date: 2015-09-24; view: 388; Нарушение авторских прав



mydocx.ru - 2015-2024 year. (0.007 sec.) Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав - Пожаловаться на публикацию