Главная Случайная страница


Полезное:

Как сделать разговор полезным и приятным Как сделать объемную звезду своими руками Как сделать то, что делать не хочется? Как сделать погремушку Как сделать так чтобы женщины сами знакомились с вами Как сделать идею коммерческой Как сделать хорошую растяжку ног? Как сделать наш разум здоровым? Как сделать, чтобы люди обманывали меньше Вопрос 4. Как сделать так, чтобы вас уважали и ценили? Как сделать лучше себе и другим людям Как сделать свидание интересным?


Категории:

АрхитектураАстрономияБиологияГеографияГеологияИнформатикаИскусствоИсторияКулинарияКультураМаркетингМатематикаМедицинаМенеджментОхрана трудаПравоПроизводствоПсихологияРелигияСоциологияСпортТехникаФизикаФилософияХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника






ХУЫМÆЛЛÆГ





Бур-бурид хуымæллæг —

Бæлæстыл ыздыхст,

Тарбынцъæх — йæ мæцкъор,

Къалиутыл ыстыхст.

 

Бирæгай сыфтæртæ —

Бæлæстыл дзыгуыр.

Бæлæстæн сæ сæртæ —

Хъулæттæ, дзыгъуыр.

 

Рог уæлдæфæй цуды

Хуымæллæг æнцад,

Худгæ хурау худы

Балбæласыл — зад.

 

Бæласæй æрластой

Хуымæллæг бынмæ.

Гæлæбу æрхаста

Рог улæфт мæнмæ.

 

Хуымæллæг, дæ тæфæй

Расыг у уæлдæф.

Удхосау хæлæфæй

Нуазын æз дæ тæф.

***

I

Сау коммæ тарф тын

Бæрзæндтæй каст,

Н' алыгъд йæ тар фын,

Н' аскъуыд йæ маст.

 

Арвæй фæхаудта

Зæхмæ цæхæр,

Даудта уый, даудта

Комæн йæ сæр.

 

Уый йæм æркасти

Æврæгътæй мæй,

Ком та йæ мастæй

Баци фынæй.

 

Арвæй ыстъалы

Коммæ уый тахт,

Бамынæг тары,

Тары ныссагъд.

II

Чи дæ рæвдауы,

Дæу, уæ, мæ хох?

Чи дыл æфтауы

Йе згæхæрд рох?

 

Чи худы комы?

Чи кæны хъæр?

Чи та дæ домы,

Уæ, мæгуыр сæр?

 

Уый йæ рæвдауы

Талынджы тох,

Уый йыл æфтауы

Хæйрæг йæ рох.

 

Худгæ фæтæхы

Сау коммæ дард,

Комы фæтæхы

Тарæй йæ арт.

 

Удхæссæг зары

Хохмæ æргом,

Уый йыл æвзары

Цæвæджы ком...

III

Сæй ныр дæ садæй,

Уæ, мæ хох, ды,

Ниугæ æнцадæй,

Хаугæ мæты.

 

Судзгæ дын зары

Зæрдæ, мæ хур...

Ахуысс уал тары,

Ракæсдзæн хур.







Date: 2015-09-24; view: 376; Нарушение авторских прав



mydocx.ru - 2015-2024 year. (0.005 sec.) Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав - Пожаловаться на публикацию