Главная Случайная страница


Полезное:

Как сделать разговор полезным и приятным Как сделать объемную звезду своими руками Как сделать то, что делать не хочется? Как сделать погремушку Как сделать так чтобы женщины сами знакомились с вами Как сделать идею коммерческой Как сделать хорошую растяжку ног? Как сделать наш разум здоровым? Как сделать, чтобы люди обманывали меньше Вопрос 4. Как сделать так, чтобы вас уважали и ценили? Как сделать лучше себе и другим людям Как сделать свидание интересным?


Категории:

АрхитектураАстрономияБиологияГеографияГеологияИнформатикаИскусствоИсторияКулинарияКультураМаркетингМатематикаМедицинаМенеджментОхрана трудаПравоПроизводствоПсихологияРелигияСоциологияСпортТехникаФизикаФилософияХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника






ГУЫРГÆ-СÆФГÆ ХУР





Йæ хуыз, йæ хуыз ыскалдта арв. Кæсут, фæрухс и,

Æрттивы дардыл. Арвыл ахæлиу и тын.

Уæ, Рухс, дзæнæтон Рухс, мæ зæрдæ дæ ныррухс и.

Кæсын, кæсын дæ тынтæм... Демæ æз хæтын.

 

Кæсут! Кæсут! Ысдардта Хур йæ был нæ хохæй,

Нывæнды арвæй сау зæхмæ тынтæ, тынтæ.

«Æгас, æгас ды цу! — ныззарыд цъиу æм къохæй, —

Æркалдтай тын... тынтæ ды — рогдæртæ фынтæй...»

 

Фæзындтæн тынты, тынты. Райгуырдтæн-иу тынты.

Нывæндынц тынтæ, тынтæ хыз, нывæндынц хыз.

Ныууагътон æз зæххыл зæххæн зæххон фыдфынтæ...

Мæ зæрдæ, тынты хъаз, изæрмæ хызы хуысс...

 

Æз бадын, хъазын хызы, фадын тынтæ,

Æз арвыл херы рухс тынты кæнын.

Мæ аууон тынты райдыдта фæдынтæ...

Æз — Рухс — æрттивгæ рыг... Хæлын, кæлын...

 

Уæ, херы, херы, херы...

Тæхын, тæхын,

Æз тынты Хуримæ тæхын.

Кæнут, кæнут уыхеры

Зæххыл, зæххыл.

 

Мæ Хур, мæ Хур фæхъуызы аууæттæм, фæхъуызы,

Уæ, зæхх, уæ, зæхх, уæ, зæхх!

Дæ бон, дæ бон, дæ бон хуыссы, хуыссы, фæхуыссы.

Фæдис! Фæдис ды зæгъ.

 

Фæтулы хур, ныууагъта рохæй,

Уæ, зæхх, уый дæу.

Фæтулы, тулы хохæй, хохæй, хохæй...

Фæлæуу, фæлæуу!..

 

Фæтулы, тулы, тулы, тулы, тулы.

Йæ рухс тын æврагъы æвдулы.

Æрттивынц æврæгътæ, æрттивынц.

Йæ тынтæ æврæгъты хуыз ивынц...

 

Хъазынц тынтæ

Рогдæр фынтæй.

Сæфы бон.

Цæй, хæрзбон!

Хауын, хауын,

Фынтæ тауын.

Хауын зæхмæ...

Нæ — дæлдзæхмæ.







Date: 2015-09-24; view: 362; Нарушение авторских прав



mydocx.ru - 2015-2024 year. (0.006 sec.) Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав - Пожаловаться на публикацию