Главная Случайная страница


Полезное:

Как сделать разговор полезным и приятным Как сделать объемную звезду своими руками Как сделать то, что делать не хочется? Как сделать погремушку Как сделать так чтобы женщины сами знакомились с вами Как сделать идею коммерческой Как сделать хорошую растяжку ног? Как сделать наш разум здоровым? Как сделать, чтобы люди обманывали меньше Вопрос 4. Как сделать так, чтобы вас уважали и ценили? Как сделать лучше себе и другим людям Как сделать свидание интересным?


Категории:

АрхитектураАстрономияБиологияГеографияГеологияИнформатикаИскусствоИсторияКулинарияКультураМаркетингМатематикаМедицинаМенеджментОхрана трудаПравоПроизводствоПсихологияРелигияСоциологияСпортТехникаФизикаФилософияХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника






ДЫУУÆ ХÆЛАРЫ





Уæ, æгас ды цу, хæлар!

Нал дæ федтон рагæй.

Рацу, судзы нæм сæнар,

Суг кæм и, кæ, фагæй!

 

Рацу. Бонмæ уал фæкæс...

Дон тæдзы нæ цартæй...

Бонмæ кадджытæ фæхæсс...

Иухатт нæ куыд тардтой...

 

Тынг нæ хæдзар у фæздæг,

Калдзынæ дæ цæссыг.

Цæй, æрбабад уал хæстæг,

Дур-хъæдур — нæ хæссæг.

 

Ай дын сау хъисæй фæндыр,

Зардзынæн æз дæр та.

Райдай, лыстæг тæн, зыр-зыр...

Фехæла мæ зæрдæ.

 

«Цæй, ныр хъус уæдæ, ды хъус —

Кадæг дын нæ цардæй.

Уыд нæ хæлд гуыбын фыдхус...

Бадтыстæм æнкъардæй.

 

Хуымтыл рауади уæд зæй...

Сау зæй нæ æрбырста...

Азар, азар, цæй, ды, цæй.

Фестæм мах æххуырсты.

 

Мусмæ нал райстам фыййаг...

Бæстæ нæм цæрдузтæ...

Зоныс, зоныс-ма, мыййаг,

Радавтам æнгузтæ?

 

Ды цæй дзæбæх дæ, быдыр, —

Зайы алцы, зайы...

Махыл сæвæрдтой гуыдыр.

Ауагътой нæ цъайы.

 

Зоныс, зоныс-ма сæ ды,

Байсæрстой нæ догътæй.

Стонг, бæгъæввадæй, сыдæй

Балвæстой мах рохтæй.

 

Зоныс, зоныс-ма сæ ды,

Уистæй нæ куыд надтой.

Зон сæ, зон, кæн сæ хъуыды —

Миты нæ фæтардтой.

 

Тынг ызгъордтой уæд быдыр

Иууылдæр нæ фæстæ.

Мах нымадтой уым хуытыл,

Надтой нын нæ фæрстæ.

 

Нæрдæй хаудтой уыдон тъæпп,

Цæсгæмттæ сырх-сырхид.

Худт сын уыд нæ гæпп, фыдгæпп,

Калдис-иу нæ сурхид...

 

Уынгты, уынгты нæ сырдтой,

Мардыстæм нæ хидæй.

Худгæ алывыд дзырдтой,

Аппæрстой нæ хидæй...

 

Айнæг кодта махыл дон,

Уазал нæ ысхордта.

Тон нæ, доны авг, ды, тон...

Иу ус нæм ызгъордта.

 

Доны, доны бын фæдæн...

Баззайай дзæгъæлæй!

Аскъуыд фæндырæн йæ тæн.

Басудзай цæхæрæй!»

ХЪÆДЫ СУСÆГДЗИНÆДТÆ

Хæхты аныгуылди бон.

Æврагъ хуры тын нæ уагъта.

Рухс æм дзуры: «Уæ, хæрзбон...»

Æхсæв тар пæлæз æруагъта.

 

Бæстæ бацъынд и, ныхъхъус.

Зарынц дидинджытæ иумæ.

Калынц, калынц та сæ рухс

Цадæн стъалытæ йæ риумæ.

 

Найы цады арв йæхи,

Цады стъалытæ æрттивы,

Федтой цады бын сæхи...

Цады хуыз фæливы, ивы.

 

Бæстæ иууылдæр — æнцад.

Уæлдæф дидинджыты тилы.

Банцад хъæды бын дæр цад.

Хъæндил дидинджытыл хилы.

 

Уый æрттывдтытæ кæны,

У цыма æцæг ыстъалы.

Арвæй стъалытæ кæлы —

Хауынц цады, хауынц малы.

 

Ракаст сусæгæй нæ мæй,

Тауы тархъæды йæ тынтæ.

Хъæр фæцыд: «Цæв æй, цæв æй!»

Федта тархъæд та фыдфынтæ:

 

Хъæды бахæцыд кæмдæр

Иу лæг иннæмæн йæ хурхыл.

Хъæдæй фехъуыст-ма йæ хъæр,

Мардæй ахаудта уый дуртыл...

 

Иу ран хъæдæй ма æцæг

Тар уыг бæласæй дзыназы...

Ис ма сау туджы мæцæг...

Бирæгъ та кæйдæр туг нуазы.







Date: 2015-09-24; view: 387; Нарушение авторских прав



mydocx.ru - 2015-2024 year. (0.007 sec.) Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав - Пожаловаться на публикацию