Главная Случайная страница


Полезное:

Как сделать разговор полезным и приятным Как сделать объемную звезду своими руками Как сделать то, что делать не хочется? Как сделать погремушку Как сделать так чтобы женщины сами знакомились с вами Как сделать идею коммерческой Как сделать хорошую растяжку ног? Как сделать наш разум здоровым? Как сделать, чтобы люди обманывали меньше Вопрос 4. Как сделать так, чтобы вас уважали и ценили? Как сделать лучше себе и другим людям Как сделать свидание интересным?


Категории:

АрхитектураАстрономияБиологияГеографияГеологияИнформатикаИскусствоИсторияКулинарияКультураМаркетингМатематикаМедицинаМенеджментОхрана трудаПравоПроизводствоПсихологияРелигияСоциологияСпортТехникаФизикаФилософияХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника






Малиты Васо Токаты Алиханы тыххæй





***

Токаты Алиханы сфæлдыстад уыди ног æмæ тыхджын фæзынд ирон литературæйы. Уый бæлвырдæй равдыста: саумæры рæзæг халы мыггæгтæ билцъьггы хуызæн ирон поэтикон дзырд йæ хуылфы æмбæхсы æнæнымæц гæнæнтæ. Фадат сын радт — тыхджын æвзартæ ныпуыпп ласдзысты раст цырын арты æвзæггау.

Хъодзаты Æхсар Алиханы сфæлдыстадыл дзургæйæ йе 'ргом тынгдæр здахы формæмæ. Ай-гъай, символизм аивадон формæйы структурон элементты ахадындзинад кодта уæрæхдæр, ивта метафорæтæ, ассоциацитæ, рифмæ æмæ ритмикæйы характер. Фæлæ йæ хуыздæр фæзынды — Верлены, Рембойы, Блокы аивады — уымæн йæ сæйраг нысан уыди сæнттæ æмæ зæрдаив дунемæ ныккæсын, уды æрфытæ басгарын, дæлзондæй (подсознание) поэтикон хотых скæнын. Инстинкт, фын, зæрдаив — ацы авналæнтæ ирон дарæсы уынæм Алиханы æмдзæвгæтæй бирæты. Хæрз цыбыр æмдзæвгæ «Фыццаг фæкасты уарзт» у символты хуымæтæджы ранымады хуызæн. Æрхæсдзынæн æй æнæхъæнæй.

Фыццаг фæкасты уарзт —
Æнæтæригъæд маст,
Лыстæгмур хуры тын,
Дзæнæты царды фын,
Æнæ дуар, æхгæд,
Æнæ фæдфæды фæд,
Тыхджын арвы гæрах,
Æнæхуысгæ цырагъ,
Æнæмæлгæ мæлæтп,
Зæрдæуынгæ дзæнæтп.

Хуымæтæг ранымад? О, фæлæ цы нымайы, уыцы предметтæ æмæ фæзындтытæ (уарзт, маст, тын, фын, дуар, фæд, гæрах, цырагъ, мæлæт, дзæнæт) хуымæтæг нал сты, сæ реалон хуыз æфсæйнаджы згæйау асыгъд поэты сæнттæ æмæ æнкъарæнты куырдадзы, æмæ сырхзынгæй разынд сæ ныхмæлæуддзинæдтæй конд апп дзырдты æнахуыр дзыгуырты. Уыцы дзыгуыртæ сты абстрактон хъуыдыйы дидинджытæ, уæды ирон лæг сыл ахуыр нæма уыди, æцæгæлон ын уыдысты, нæ сæ райста йæ зæрдæмæ. Алиханы сфæлдыстад иуцасдæр фæсвæд цæмæн аззад, ууыл дзургæйæ, æвæццæгæн, рох кæнын нæ хъæуы ацы хъуыддаг дæр. Фæлæ нæ ныхас дарддæр кæнæм æмдзæвгæйы тыххæй. Ам цыма æгæр разæнгардæй кусы поэтикон интуици, афтæ мæм кæсы. Абсурд йæ сæр сдар-сдар кæны йе 'мбæхсæнæй, гæппæввонгæй бады, уæдæ гæпп дæр скæны: «Æнæдуар, æхгæд. Æнæ фæдфæды фæд...» Фæлæ йын нæ бантысти бæстæ бынтон сызмæнтын, реалистон фæлгонцтæ йæ цыфыддæр знагау сæ быны аууæрдынц: «Тыхджын арвы гæрах, Æнæхуысгæ цырагъ». Цы у «Æнæ дуар, æхгæд»? «Зæрдæуынгæ дзæнæт»? Ацы дзырдбæстытæн бамбарæн нæй, ис сын æрмæст банкъарæн интуитивон æгьдауæй. Банкъарæн та сын ис хицæнтæй райсгæйæ нæ, фæлæ æмдзæвгæ æнæхъæнæй бакæсгæйæ. Уарзовдзинад, растдæр зæгъгæйæ та — фыццаг фæкасты уарзт цы у, уый йæхирдыгонау загъта Алихан. Тынг мæ фæнды ацы цыбыр æмдзæвгæ арвæрттывдимæ абарын. Арвæрттывд æхсæвы тары къæдзæхты тигьтæ, кæмттæ куыд фæрухс кæны, афтæ ацы æмдзæвгæ дæр цæстыныкъуылды бæрц фæрухс кодта уарзондзинады тарф сусæгдзинад — цæст дзы цы ацахста, уый джиппæвæрдау дзæвгар рæстæг нæ зæрдæйыл баззайы. Æвæццæгæн, авторæн йæхицæндæр, уарзондзинадыл, «фыццаг фæкасты уарзтыл» хъуыдыгæнгæйæ йæ цæстытыл уади арвæрттывд. Æндæр кæцæй фæзынд «Тыхджын арвы гæрах»? Йæ иннæ æмдзæвгæ та «Арвы цæф», зæгьгæ, схуыдта. «Арв ныццавта туддз бæласы, арв, Ахызт цæф, йæ цьуппæй уидæгтæм уый ахызт». «Цæф» æмæ «арвæрттывд» ам иу сты. «Уæ, æвиппайды æнæ ныхасæй уарзт, Афтæ зæрдæ ды æвиппайды ныццæвыс...» Æмдзæвгæ «Бауарзтой, бауарзтой...» æмæ «Уад» сты трагикон уарзондзинадыл фыст. Чи зоны, уарзондзинадæн йæхиуыл уыйас нæ — йæ тугвæд, йæ пырхæнтыл, йæ фæстиуджытыл. Лæппу æмæ чызг бауарзтой кæрæдзи. Фæлæ лæппу уыди чызджы мыггаджы хæрæфырт. Ирон адæм абоны онг дæр хатыр куы нæ зонынц, тугхæстæг дыууæ адæймаджы интимон ахастдзинæдтæн, уæд уыцы рæстæг хохы сæ уарзондзинад æгъатыр фæтчы сæрты кæрæдзимæ кæй фæкæсын кодта, уыдонмæ цы æнхъæлмæ каст, худинаг, се 'намонддзинад æмæ мæлæт йеддæмæ? Æнахуыр тæссаг æмæ хъизæмайраг фыдфыны хуызæн уавæр сныв кодта Алихан йæ æмдзæвгæ «Уад»-ы. Уад сыстад, хаста бæстæ, хæдзæрттæ калдысты, фалгæрон кодта, йæ фæндагыл цыдæриддæр уыди, уый, куыйтæ ниудтой, адæм лыгъдысты лæгæттæм.


Иу æмгар мемсв лыгъди,
Иумæ лыгъдыстæм нæ хохмæ.
Хæдзар кæронæй сыгъди.
Батахти æмгар йæ тохмæ.

Арты смидæг, рахаста йæ уарзоны, батæ йын кæны, афтæмæй сæ арт хæры. Уад куы банцад, уæд «Мардæй ыссардтой кæмдæр Уарзæтты багонд хъæбыстæй». Æз загътон гипотезæ, ирон уарзондзинады лирикæйы фыццаг «пъа» Æрнигоны æмдзæвгæйы фæзынд, зæгъгæ. Чи зоны, æмæ ацы æмдзæвгæ раздæр фыст æрцыд Иласы «Рауай-рацу»-йæ, сæ дыууæйæн дæр сæ «райгуырæн бон» бæрæг нæу. Фæлæ Алиханы «ба» æмæ Æрнигоны «пъа»-йы æхсæн ис принципиалон хъауджыдзинад. Иу («ба») трагикон мидисæй дзаг, æвдисы, уарзт мæлæг удæн дæр цы тых дæтты, уый; иннæ («пъа») цæуы царды тыхтæй дзаг æвзонг буары монцæй. Уымæ гæсгæ нымайæн ис: Алихан буары мондæгты кой никуы скодта. Уыцы хъуыддаджы уæдæ фыццаг зæрватыккæй уарзондзинады лирикæмæ æртахт Илас Æрнигоны æмдзæвгæ «Рауай-рацу». Формæйы аивæй Алиханы иннæ æмдзæвгæты æхсæн бæрæг дары «Сылгоймаг». Ам карз ныхмæлæуддзинæдты бындурыл, æппæрццæг миниуджытæй нывæнды автор сылгоймаджы сурæт. Цæйтимæ йæ бары, уыдон хуымæтæджы ранымадæй дæр сæрыхъуын арц слæудзæн. Фæлæ... «Кæй нæ уæ нæ хъæуы?!» Ацы фарст хъæрæй автор скарста йæ тæрхон: йæ бирæ тæригъæдтæ, фыдбылызтæ, хинтæ-кæлæнтæ барст цæуынц сылгоймагæн уарзт æмæ царды номæй.







Date: 2015-09-24; view: 365; Нарушение авторских прав



mydocx.ru - 2015-2024 year. (0.008 sec.) Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав - Пожаловаться на публикацию