Главная Случайная страница


Полезное:

Как сделать разговор полезным и приятным Как сделать объемную звезду своими руками Как сделать то, что делать не хочется? Как сделать погремушку Как сделать так чтобы женщины сами знакомились с вами Как сделать идею коммерческой Как сделать хорошую растяжку ног? Как сделать наш разум здоровым? Как сделать, чтобы люди обманывали меньше Вопрос 4. Как сделать так, чтобы вас уважали и ценили? Как сделать лучше себе и другим людям Как сделать свидание интересным?


Категории:

АрхитектураАстрономияБиологияГеографияГеологияИнформатикаИскусствоИсторияКулинарияКультураМаркетингМатематикаМедицинаМенеджментОхрана трудаПравоПроизводствоПсихологияРелигияСоциологияСпортТехникаФизикаФилософияХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника






Хъодзаты æхсар. Токаты Алихан 3 page





Йæ фыртыхстæй йæхицæн исты куы кæна, зæгъгæ, йын Алихан йæ топп мах уатмæ рахæссын кодта, æмæ йæ мæ дæлфæдтæм рудзынджы цур æрæвæрдтой. Алиханæн йæхи топп дæр къулæнцой лæууыди. Дыууæ рудзынджы астæу уыди дуар. Адæм афтæ дзырдтой, тифæй рынчыныл, дам, æстдæс боны куы рацæуа, уæд ын тас нал у. Алихан куы фæрынчын, ууыл раст цыппæрæмы æстдæс боны сæххæст. Æхсæвы мæхæдæг тынг тыхст уыдтæн, мæхи дæр дзæбæх не 'мбæрстон. Мæ сæр дæр мын алвыдтой, ахæм уавæры, дам, дзы исты хилæг куы фæуа мыййаг. Бон цъæхтæ кодта, афтæ дыууæ гуыппы куыд баиу сты, уый ма бамбæрстон. Фæздæгæй хæдзар нал зынди, гуыппытæй дæр фæтарстæн, æмæ мæм мæ зæрдæ афтæ сдзырдта, цыма нæ хæдзар ныккалди. Мæ тæвдæй ма иу хъæр фæкодтон: «Алихан, афтæ куы дзырдтай, хъаймæт нæ уыдзæн, æмæ мæнæ куы сæфæм!» (Хъаймæт нæ уыдзæни, зæгъгæ, кæддæр цыдæр чиныджы каст, æмæ уый мæ зæрдыл æрбалæууыди). Дыууæ гуыппæй иу, æвæццæгæн, гæрах уыд, иннæ та — пъо лыл топп куыд æрхауд, уый. Стæй мæм иуафон афтæ фæкасти, цыма мыл чидæр тæвд дон бакалдта. Мæ былыл цæхджын æртахы ад раиртæстон æмæ ахъуыды кодтон, цымæ, зæгъын, цæхджын дон цæмæн у. Фæстæдæр адæмы дзолгъо-молгъо æмбæрстон, фæлæ цы 'рцыд, уымæн ницы зыдтон. Алихан фæмард, уый мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Иуафон айхъуыстон Хæдзарæгаты Ханджерийы хъæлæс: «Уæртæ йын йæхи фыстытæ рахæссут, æндæр ын къазолни чингуытæ цæмæн æвæрут йемæ?» Уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ ахъуыды кодтон, æвæццæгæн, зæгъын, Алиханы æрцахстой. Уæд дзы, чи зоны, цыдæр къухфыстытæ систой, æмæ цы фесты, уый абон дæр нæ зонын. Æртыккаг бон та Гадæкк амарди, фæлæ æз уый дæр нæ базыдтон. Уæд, æвæццæгæн, мæ тæккæ тыхстæй уыдтæн. Дыууæ къуырийы фæстæ сдзæбæх дæн, æмæ мын хабæрттæ ракодтой. Уæлмæрдтæм ссыдтæн æмæ æфсымæртæн сæ ингæнтæ федтон фæрсæй-фæрстæм. Кæуынæй мæ тыппыртæ суагътон... Уæдæй абонмæ мæ зæрдæ, мæнæ æндон дур куыд уа, афтæ ныцци мастæй.

Цæмæндæр уыцы Хадзыбечырыл гуырысхо кæнын. Куы нæм уыд, уыцы бонæй фæстæмæ цы фæци — æппындæр йæ цæсгом нал равдыста. Уый фæстæ ардæм, горæтмæ, куы рафтыдтæн, уæд уый дæр ам царди. Дис кодтон, Хадзыбечыр, зæгъын, йæхи нæ мадырвад куы хуыдта, уæд нæм куыд никуыуал æрбацыд. Йæ ус Дунессæйы йын куы фенын, уæд Хадзыбечырыл цы 'рцыд, йæхи цæуылнæуал æвдисы? Æмæ мын уæд нæ мадырвадæлтæй иу ус радзырдта, Хадзыбечыр, дам, афтæ зæгъы: æз уыцы лæппуйы тæригъæд куынæ федтаин — мæ зæрдæ, дам, нал комы Мариямæ бацæуын... Исты аххоо джын уыд, æвæццæгæн. Гуырысхо йыл кæнын. Иннæ уазæг чи уыд, уый дæр нал сбæрæг, Белеккатæй, дæн, загьта, фæлæ æцæгтæ дзырдта æви нæ — Хуыцау йæ зонæг».

Поэт йæхæдæг йæхимæ систа йæ къух æви знаджы нæмыгæй бахуыссыд йæ зынг? Марияйы ньь хæстæм гæсгæ исты бæлвырд хатдзæг скæнын тынг зын у. Хабар боныцъæхтыл кæй æрцыд, уый, стæй æнахуыр уазæджы фæзывд гуырысхотыл æфтауынц адæймаджы. Хъæубæстæ куывды фæстæ — тарф фынæй, цъиуызмæлæг нæй, бинонтæ иууылдæр — рынчын, гом рудзынджы тæккæ цур — дыууæ ифтыгъд топпы... Фыдракæнд саразынæн хуыздæр фадæттæ зын ссарæн уыдаид. «Дысон та урсытæ æрбабырстой æмæ горæтæн йæ фаллаг æмбис байстой. Иннæ æмбис дæр уыдонмæ хъæуы», — æнахуыр уазæджы ацы ныхæстæ та, æвæццæгæн, уыдысты хуымæтæджы провокаци. Алихан тифæй куы фæрынчын, ууыл æстдæс боны кæй рацыд, æмæ йын сдзæбæх уæвынæй кæй тарстаиккой, уый дæр рохгæнгæ нæу: знæгтæ алцы дæр биноныгæй ба~ хыгътаиккой.

Ноджы ма иу хабармæ æхсайы зæрдæ: Мария куыд зæгъы, афтæмæй уыцы сæумæрайсом дыууæ гуыппы райхъуысти. Дыккаг гуыпп топпы гæрах нæ уыди (Мария дæр афтæ зæгъы), фæлæ пъолыл цыдæр уæззау куыд æрхауди, уый уынæр. Чи зоны, лæгмар гом рудзынгæй æрбавнæлдта, топпытæй иу айста, æрбахста дзы поэты, стæй йын æй мидæмæ йæ цурмæ æрбаппæрста, цæмæй адæм банхъæлой, Алихан йæхæдæг йæхи амардта, зæгъгæ.

Хæлæн нæмыгæй поэтæн йæ сæр ныппырх.

Зианæн æгьдау раттынмæ æрбацыдысты Ирыстоны алы рæттæй. Сæрмагонд делегаци дзы уыд Ирыстоны зылды ревкомæй. Алиханы баныгæдтой Дæргъæвсы зæппæдзтæй чысыл скæсæнырдæмдæр Рамины рагъы дæлбазыр фыдæлтыккон хæцæн мæсыгмæ æввахс. Куыд дзурынц, афтæмæй йын йæ къухфыстытæ дæр йемæ чырыны нывæрдтой — афтæ амыдта рагон æгъдау.

Фæлæ 1953 азы Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæг институты сæрмагонд экспедици поэты ингæн куы райгом кодта, уæд дзы ницавæр гæххæттытæ разынди. Токаты Асæх йæ мысинæгты афтæ фыссы: «Хæдзар уыди æмтьеры. Æддагонæй, мидæггагонæй, хицонæй, æцæгæлонæй, чи цы ми кодта, уый бæрæг нал уыди. Ахæм зиавджын хæдзары алчи дæр хицау свæййы. Чи зоны, æмæ уыцы дзолгьо-молгьойы рæстæджы исчи бамбæхста сæракæй цъарджын æртæ тетрады, йæхæдæг ныхас ауагъта, йемæ йын сæ баныгæдтам, зæгьгæ. Ахæм æнаккаг ми чи бакодтаид, ахæм лæгтæ дæр уыди хæдзары Алиханы ныгæнæн бон. Бæрæг куыд у, афтæмæй дзы æцæг уыд ахæмтæ. Куыддæр хæдзарæй æрдиаг райхъуыст, афтæ уайтагъд кæрты балæууыди, паддзахы заман Дæргъæвсы хъæуыхицау чи уыд, Алиханмæ йæ революцион куысты тыххæй фыдызнаджы цæстæй чи каст, уыцы лæг Хæдзарæгаты Къæ~ лæуы фырт Ханджери. Хавджери хорз зыдта Алиханы фыстытæ. Иу æмæ йыл дыууæ хатты нæ ныффыо та сатирæйы уацмыстæ, карикатурæтæ» (Токаты Асæх. Ме 'мбæлццæттæ. Уацмысты æмбырдгонд. Орджоникидзе. 348—349 фæрстæ).

Чи зоны, Асæхы ныхæсты ис æцæгдзинад. Чи зоны, Ханджери, æнæзонгæ уазæг æмæ ма чидæртæ æмдзæхдон уыдысты, чи зоны, æмвæнд скодтой Алиханыл, йæ тæккæ тыхстдæр, уынгæгдæр сахат æм бахъавыдысты.

Фæлæ ис æндæр верси дæр: поэт йæхи амардта. «Во время болезни сыпным тифом в горячке застрелился», — зæгъы йæ мысинæгты поэты фыдыфсымæры лæппу Темырболат. Афтæ фыст ис, Алиханы амарды бон Дæргъæвсы ревкомы сæрдар Мамсыраты Батырбег Дзæуджыхъæуы зылды ревкоммæ цы рапорт балæвæрдта, уым дæр: «... в 4 часа утра гражданин сел. Даргавс, состояæий организатором власти в Даргавском приходе, Алихан Токаев, страдая около 13 дней сыпным тифом, улучив момент, когда в комнате никого не было, в бреду, взял винтовку и выстрелом убил себя... Как гласит народная молва, названный Токаев совершил самоубийство из-за того, что, якобы, он нуждался материально и за ним не было ухода, ибо три недели назад у него умерла родная мать от сыпного тифа, и в настояæее время в его же доме лежат больные сыпным тифом два брата — Гадак и Бечмурза и две сестры — Мария и Надежда, а третья сестра поднялась с постели только 4 дня назад, которая также перенесла сыпной тиф» («Мах дуг», 1989 аз, № 3, 102 фарс).

Алихан бафæллади, зæрдæцъæх фæци царды мæнгард, гадзрахат митæй, æвирхъау хæрæмттæй, уæлдайдæр дуне куы схъомпал, адæм кæрæдзимæ топпы кæсæнæй куы акастысты, туг лæсæнтæ куы кодта, иу иннæйы куы нал æмбæрста, æфсымæр æфсымæрæн знаг куы фестади, «зонд, фарн, зæрдæ — æнусон царды хос» — куы нал хъуыдысты, уыцы заман. Поэты зæрдæ уæлдай фæлмæн, тæссонд æмæ риссаг у. Александр Блокы загъдау, «он весь — дитя добра и света, он весь — свободы торжество». Алихан афтæ æнæхин, сыгъдæг кæй уыд, уый зыны йе 'ппæт сфæлдыстадæй дæр. «Æз мæ зæрдæ кæмæн радтон, уымæй йæ нал райсдзынæн фæстæмæ, цъыфы йæ куы тула æмæ йæ кæрчытæн куы ссæнда, уæддæр. Кæсдзынæн æм æмæ йын уæд сабырæй мæ фыццаджы уарзон ныхæстæй иу-дыууæ зæгъдзынæн, æндæр æм мыййаг хæрамдæр нæ фæуыдзынæн, хæлардæр йеддæмæ», — кæсæм ын йæ иу фыстæджы. Мæнæ ацы рæнхъытæ та йе 'мдзæвгæйæ ист сты: «Мæ мæсты хуры тынæй у фæтæн кард, цæвын мæ уарзтæй у мæ дин», «Мæ марг у дидинæджы мыд». Ахæм зæрдæйы хицауæн æнæсæрфат, тугдзых дунейы куыд зын цæрæн у, уый зыны йæ сонетæй дæр:

Фæсырдтой мæн
Мæ хохæй дардмæ.
Бæллынц мæ мардмæ.
Фæрсыс: «Цæмæн?»

Фæдæн фæлмæн.
Тæхын æз цардмæ.
Нæ бæллын кардмæ,
Зылын нæ дæн.

Рæсгпдзинад н' арынц.
Фæсурынц дард, —
Рæстæй кæй арынц.

Кæй арынц, — марынц.
Зылын — сæ цард...
Фырцинæй зарынц.

Хионты, хæстæджыты, зонгæты иудадзыг уайдзæфтæ, «зæрдæхор ныхæстæ», хъæдты, хохы цъассыты стонгæй, уазалæй рахау-бахаутæ, къæдзæх лæгæтты иунæгæй бирæ бонты рамбæхс бамбæхстæ — æппæт уыдæттæ йын йæ уд æрдуйæ нарæгдæр скодтой. Фæстагмæ бинонтæ иууылдæр (уыдонимæ поэт йæхæдæг дæр) тифæй куы 'руатон сты, сæ мад Дзго куы амард, уæд бынтондæр сæрсудзаджы куыннæ хъуамæ фæуыдаид! Ноджы ма æнахуыр уазæг йæ фыдуацимæ... Цард ын бынтондæр кæй сæнад, уыцы хъуыдыйыл æмбæлæм Алиханæн йæ поэзийы дæр, стæй иу æмæ дыууæ хатты нæ, фæлæ тынг арæх. «Мæлæты зарæг», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæйы та мæлæтмæ комкоммæ сиды: æрцу æмæ мын мæ уд ахæсс, «цæмæй æз тагъддæр базонон: цы дæ». Царды уæззау уаргь ын тынг зын хæссæн кæй уыди, уый тыххæй иудадзыг хъаст кæны йæ фыстæджыты. 1916 азы æртхъирæны мæйы фæндзæм бон йæ уарзон æмгар Къутæрты Сабазджеримæ фыста: «Гыццыл къогъо æнæцæстахсгæ цъыфдзасты куы ныххауа æмæ йæхи æддæмæ куы рæдува, уыйау кæсын æз мæхимæ». Нæ мæнг дунейæн æй хæрзбон зæгъын кæй фæнды, уый уæлдай бæлвырд-бæрæг у йе 'мдзæвгæ «Кæрон»-ы.

Чи зоны, цы тарф хъуыдытæ, цы хъизæмайраг сагъæстæ, цы сæрзилынгæнæг гуырысхотæ æвдæрзтой уыцы 'хсæв поэты. Цы бæрæг и, кæд, мыййаг, бирæ цæмæйдæрты æмæ кæмæйдæрты фæфыдæнхъæл, æмæ йæ фæсмон хордта, стæй фæстагмæ йæхимæ хæцæнгарз систа. Фæлæ ма йæ иу хатт зæгъын: нæй фаг æвдисæнтæ фидар хатдзæг скæнынæн, æмæ Алиханы трагикон сæфт, æвæццæгæн, сусæггагæй баззайдзæн æнустæм.

***

Поэт æмæ сау адæмы ахастдзинæдты темæ дунеон литературæйы незамантæй нырмæ ис (зæгъæм, Пушкинмæ «поэт и толпа» кæнæ «поэт и чернь»), нæхи Къоста æмæ Секъа дæр æм се 'ргом аздæхтой (Секъа фыста: «Сау лæгтимæ куынæ уаин, уæд ма фылдæр фæцардаин»), йæ иувæрсты нæ ацыд Алихан дæр. Рæстдзинад æмæ сæрибар къæхты бын ссæст кæм цыдысты, адæмы хуыздæртыл хахуыртæ кæнгæйæ æхсинылæгтæ хæрзиуджытæ кæм истой, æхсар æмæ æфсармæн аргъ кæм нæ уыд, уыцы дуне æмæ поэты зæрдæ... Нæй сын бафидауыны хъомыс, алчи дæр сæ йæхиуæттæ домы. Фидауцæй, сыгъдæг æнкъарæнтæй базар-гæнæг æнæджелбеттыты æхсæн поэтæн æнуд у, цæстмæхъус ныхæстæ, кæнгæ митæ йæ цæстысындз сты. Æмæ райхъуысы йæ уды фæдисхъæр: «Хуыцау, Хуыцау, æркæс, ныххаудтæн ам æз цъыфы. Мæхи рæдувын — н' арын, нæ фæрæз». Автор уайдзæф кæны Хуыцауæн, ома мын иугæр зæды зæрдæ радтай, уæд ма мæ цъыфдзасты цæмæн ныппæрстай, цæмæн мын бавзарын кодтай ахæм зындон. Поэты уд бæллы æндæр дунемæ, тырны, пъæззыйау æй чи цъист кæны, сау сынтау ыл йæ дзæмбытæй чи ныддæвдæг, уыцы цардæй фервæзынмæ: «Хæссын æз мемæ ныр дæ сау ном, хæссын мæ зæрдæйы дæ зын. Æз лидзын комæй, хох, дæ цъупмæ, бырын дæ цъупмæ æз, бырын. Æз хурæн акæсон йæ худтмæ, кæд цъуппыл нал уынин фыдрын».

Æмдзæвгæ райгуырди, цæрынæй-хæрынмæ адæмы хуыздæртæ сæ сæнтты кæй уынынц, дунеон гармони кæм фæуæлахиз, уыцы райдзаст бæстæ мысыны сагъæстæй. Æхсæнадыл та поэт хъоды кæны, уымæн æмæ уым æлдариуæг кæнынц хæрам тыхтæ. Алиханы уацмыстæ кæсгæйæ арæх хъусæм уыцы хъизæмайраг хъæр, дывыдон арты бахауæг уды æбуалгъ хъуырдухæн: иуырдыгæй — маст, фыдæлгъыст, карз уайдзæф, иннæрдыгæй — уарзт, хъæбулы æнувыддзинад.

«Поэзимæ æрдзæй æмбисонды стыр хæс æрхаудта, — фыста Шарль Бодлер. — Фæнды хъæлдзæг уæд, фæнды æнкъард — уый кæддæриддæр бæрæг дары йæ утопиондзинады æрвон бæрджытæй. Уый адзалы къахыл æрлæууы, йæ алыварс цы дуне ис, уый ныхмæ фæллад нæ зонгæйæ хæсты куынæ ба~ цæуа, уæд. Ахæстоны уый цæры тохы монцæй, рынчындоны сынтæгыл, — кæй сдзæбæх уыдзæн, ууыл æууæндыны цырен ныфсæй,... уымæн йæ хæс у канд зæрдæмæ исын нæ, фæлæ галиудзинад раст кæнын дæр. Уый æнæраст хъуыддæгтимæ никуы бафидаудзæн» (Шарль Бодлер. Цветы зла. Чиныгуадзæн «Наукæ». М., 1970. 236 фарс).

Адæймаджы удысконды æрфытæм ныххизыны монц поэты афтæ дард ахоны, æмæ йын суанг мæлæт дæр сси дунейы сусæгтæ банкъарыны мадзал. Цæвиттон, адзал дæр ын сси мадзал, растдæр зæгъгæйæ та — поэтикон мадзал: «Æрцу, æрцу-ма тагьддæр, уæ, Мæлæт, æрцу, цæмæй æз тагъддæр базонон: цы дæ. Цæй, рухс мын фенын кæ зæххыл, къæрмæг æрду... Æрцу, æрцу, Мæлæт, цæй, тагъддæр ды æрцу... Мæлæт! Цæй рухс, цæй тарф уазал дæ ды! Уæ, зæрдæ! Цæй, æнкъард, сабырæй ды æрку... Мæ мидбылты фæхудын мæ фæнды».

Адæймаг йæ тæккæ æрдзондæр уавæры вæййы æнахъом сабийæ æмæ мæлæты къахыл лæугæйæ — афтæ хъуыды кæны поэт. Мæлæт йæ уæлхъус куы 'рбалæууы, уæд уд ссæрибар вæййы, царды йын йæ авналæнтæ йæхи бар чи нæ уагьта, уьщы мæнг æгьдæуттæй, уагæй. Алиханмæ гæсгæ мæлæт у, лæгæн йæ цæстыты баст чи райхалы, ахæм тых: «Æз фæцæф дæн уарзтæй — ме 'мбалы мын аласта дон. Æмæ мын хъыг байгом кодта мæ цæстытæ»; «О, ма агур амонд сызгъæрин æмæ æвзистæй дзаг голджыты, ма агур дзæнæт хъæздгуыты галуанты... Адæймаг амонд ссары, уарзты азарæй цы æнамонддзинæдтæ æрцæуы, уыдоныл хъыг кæнгæйæ, амонд ис мадзура фæлмæн мидбылхудты, амонд у, чи нал ис, уыцы уарзтæн йæ фæд-йæ фæд цæуын... æппæтæй стырдæр амонд та ис мæлæг адæймаджы фæстаг фæкасты». «Æз никуы ферох кæндзынæн, мæ фыд йæ уд куы иста, уыцы сахат. Æз æй федтон, йæ уд сисынмæ ма сахаты цыппæрæм хай куы баззад, уæд. О, мæнæй нæ ферох уыдзæни, фыд йæ фыртмæ цы арф, сыгъдæг цæстытæй каст, уый... Оххай, кæй хъæуынц ацы хъæддаг фыдæгьдæуттæ, йæ царды дидинæгкалгæ кары фыдæн йæ фыртмæ комкоммæ бакæсыны бар чи нæ дæтты, уыдон! Фæлæ адзал — уый зæдтæн сæ сæр у, уый иннæтæй дæсныдæрæй, аивдæрæй, фидауццжывдæрæй сæ агьудæй сисы тæккæ зынаргьдæр æцæгтæ... О, мæнæй нæ ферох уыдзæни мæ фыды фæстаг фæкаст, нæ мæ ферох уыдзæн, æнæбары чи рахъардта æмæ йæ фæлурс уадулыл чи бандзыг, уыцы цæссыг. Мæнæй нæ ферох уыдзысты, фыццаг хатт æмæ мын фæстаг хатт æргомзæрдæйæ кæй загьта, уыцы ныхæстæ: «О, ма тæрсут, о, ма тæрсут». Мæнæй нæ ферох уыдзæни, уайсахат мæ цæстьггы раз чи райхæлд æмæ, ныхæстæй зæгъæн кæмæн нæй, уыцы уарзт».

Алиханы хъуыды ахæм у: мæлæт адæймаджы цардæн кæрон не скæны кæнæ иу фæлтæры иннæмæй нæ фæиппæрд кæны. Мæлæт у фæлтæрты, дугты диалектикон иудзинады цæг: дунемæ ноггуырд куы рантысы (фæнды адæймаг уæд, фæнды дидинæг, фæнды иставæр æрдзон фæзынд), уæд адзалæн йæхицæн æрцæуы йæ адзал. Ацы ран Алихан тугхæстæг у Уолт Уитменимæ. Уый дæр адзалы хоны, стыр хъаруйы хицау чи у, ахæм ирвæзынгæнæг, уымæн æмæ иу фæлтæр иннæйы цæрайæ цæры, хъуамæ иу фæлтæры амард иннæмæн ахъаз уа. Адæмы хуыздæртæ фыдæй-фыртмæ сæ цард æвгьау уымæн нæ кодтой, мæлæт-иу хуыздæрæн уымæн равзæрстой, цæмæй сæ фæстæ чи ис, уыдонæн раззæгты мæлæт амонды хос фæуа. Стæй физикон мæлæт царды кæроныл нæ нымайы Алихан:

Нуазын æз бындзарæй марджы къус,
Гъеныр марджы къус.
Марг, уæ, адджын марг, ды царды хос,
Ды дæ царды хос.

Амонд æз ыссардтон сау зæххы,
Арф æз сау зæххы.
Уд уæлæмæ рухсмæ атæхы,
Рухсмæ атæхы.

Талынг, мæйдаримæ æз ысхæццæ дæн,
Æз ысхæццæ дæн.
Æз фæдсвн. Фæдæн, ысцæттæ дæн...
Æз ысцæттæ дæн.
(«Кæрон»)

Рæстæджытимæ, дун-дунейы тыгъдадимæ иу-дзинады мотивтæ уæлдай бæрæгдæрæй зынынц «Асин», «Кæд дæ фæнды», «Гуыргæ-сæфгæ хур», «Арвы тын», «Цыкурайы фæрдыг» æмæ иннæ æмдзæвгæты стæй йæ прозаикон скъуыддзæгты. Поэтæн фылдæр хатт йæ ныхасыуаг вæййы ахæм хуызы, цыма дунейыл нал и, цыма раджы амард, æмæ йæ хъæлæс кæцæйдæр æнусты 'хсæнæй, дард æнæкæрон космосæй хъуысы:

Ныууагътон æз зæххыл зæххæн зæххон фыдфынтæ...
Мæ зæрдæ, тынты хъаз, изæрмæ хызы хуысс.

Æз бадын, хъазын хызы, фадын тынтæ,
Æз арвыл херы рухс тынты кæнын.
Мæ аууон тынты райдыдта фæдыитæ..
Æз — Рухс — æрттивгæ рыг... Хæлын, кæлын...
(«Гуыргæ-сæфгæ хур»)

Рæстæг æмæ тыгьдадимæ бастдзинады хъуыды хъуамæ адæймаджы хиза æрвылбоны лыстæг хæрæмтты уацарæй. Хæлæг, æдзæстуарзондзинад, цардмæ гуыбыны цæстæй кæсын, козбау митæ, хахуыртæ сæрмæ хæссинаг не сты, — ахæм у поэты хъуыды, кæд æй комкоммæ нæ зæгъы, уæддæр.

Нæ асин у бæрзонд,
Фæцыд уæлæрвтæм. Хæссæд дæ, цæй, дæ зонд
Дæлдзæхæй æрвтæм. Ныр мах ыстъалыйыл лæууæм —
Цæуæм мах хурмæ. Цæуæм, цæуæм, цæуæм...
Уæ цурмæ.
(«Асин»)

Ацы рæнхъытæ фыццаг хатт чи бакæса, уый банхъæлдзæн, абон, космосон наутæ фæд-фæдыл уæлæрвтæм куы тæхынц, уæды фыст сты, зæгъгæ. Афтæмæй сæ райгуырдыл æртиссæдз азæй фылдæр цæуы. Кæмæ дзуры поэт, «цæуæм уæ цурмæ», зæгьгæ? Æндæр планетæтыл цæрджытæм? Фидæны фæлтæртæм? Æви ивгъуыд замантæм? Мæнмæ гæсгæ, иутæм дæр æмæ иннæтæм дæр. Алихан сæ кæрæдзийæ хицæн нæ кодта, дун-дунейæ æмæ алы рæстæджытæй йæхи куыд нæ хицæн кодта, афтæ. Шекспиры заманты чи цард, уыцы англисаг поэт Джон Донны загъдау, «кæцыфæнды адæймаджы амардæй фæмæгуырдæр вæййын æз дæр, уымæн æмæ æппæт дунейæ иппæрд нæ дæн, гьемæ мæ макуы фæрс, аргъуаны дзæнгæрæг кæй зианыл цæгъды: уый цæгъды дæу тыххæй дæр». Дун-дунеимæ иудзинады æнкъарæнтæй гуыры уарзт: цæрæг уд æмæ зайæг халæй цыдæриддæр ис, уыдоныл æнувыд у, тыхст сахат сын баххуыс кæн, сæ фарсхæцæг фæу! Ацы ран та зæрдыл æрлæууы Алиханы æмдзæвгæ «Кæд дæ фæнды»:

Кæд дæ фæнды цæрын нæ зæххыл —
Æрбад йæ æххыл...
Фæсудз.

Кæд дæ фæнды цæрын сыгъдæгæй —
Цæрæд фæздæгæй
Дæ уд.

Кæд рухс дæ зæрдæмæ нæ кæсы,
Уæд уарз ды хæфсы
Æцæг.

***

Токаты Алиханмæ символистты уацмысты тæфаг кæй фæхæццæ, уый руаджы йæ поэзи фæхъæздыгдæр фæлгонцтæй, ирон æмдзæвгæ рахызти национ традицийы арæнтæй, фæуæрæхдæр сты йæ авналæнтæ. Поэт йæ хъус тынг дардта æмдзæвгæты музыкалон арæзтмæ, парахатæй пайда кæны аллитерацитæй, ритм фæалыхуызондæр, рифмæ фæногдæр. Ирон дзырд тынгдæр сахадыдта, йæ хуызтæ скалдта. Хохаг царды нывтæ арæзт цæуынц, хуымæтæджы адæймаджы цæст кæуыл не 'рхæцдзæн, ахæм æнæнхъæлæджы детальтæй. Поэты хуыздæр уацмысты нæй дзæгъæл цоппайгæнæг, сæйраг хъуыды къахыргæнæг кæнæ фæсаууонгæнæг уæлдай къабузтæ, алцæмæй дæр дзы уынæм бæрц, рæнхъытæ сты фидауцджын, азæлгæ, саджы фисынтыл амады хуызæн кондджын, уындджын, ахадгæ. Мæнæ цалдæр цæвиттоны поэты æнæфæуд æмдзæвгæтæй: «Хæхты хахх — дыдагъ, къуыпрагь. Дагъ — зæйуат, хъæууат. Рыстæй ком цæлхынцъытæ, цæнкуылтæ»; «Хох, дæ бæрзæндтæй дæ хъæутыл тулы, калы их Зæриу»; «Хъæутæ зæйты бын ныйисты, пиллон хуынчъытæй цæуы»; «Сау æхсæв ныккуырм, ныцъцъынд и. Ниуы хох, кæуы, кæуы. Уый зæронд усау æхснырсы, уый йæ цæссыг калы, калы».

Date: 2015-09-24; view: 442; Нарушение авторских прав; Помощь в написании работы --> СЮДА...



mydocx.ru - 2015-2024 year. (0.006 sec.) Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав - Пожаловаться на публикацию