Полезное:
Как сделать разговор полезным и приятным
Как сделать объемную звезду своими руками
Как сделать то, что делать не хочется?
Как сделать погремушку
Как сделать так чтобы женщины сами знакомились с вами
Как сделать идею коммерческой
Как сделать хорошую растяжку ног?
Как сделать наш разум здоровым?
Как сделать, чтобы люди обманывали меньше
Вопрос 4. Как сделать так, чтобы вас уважали и ценили?
Как сделать лучше себе и другим людям
Как сделать свидание интересным?
Категории:
АрхитектураАстрономияБиологияГеографияГеологияИнформатикаИскусствоИсторияКулинарияКультураМаркетингМатематикаМедицинаМенеджментОхрана трудаПравоПроизводствоПсихологияРелигияСоциологияСпортТехникаФизикаФилософияХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника
|
Хъодзаты æхсар. Токаты Алихан 1 page
(Скъуыддзæгтæ) *** Токаты Алиханы хъысмæтыл куы фæхъуыды кæнын, уæд мæ зæрдыл æрлæууы И.А. Бунины 1901 азы фыст æнæном сонет. Хи ныхæстæй дзургæйæ йæ мидис ахæм у (дзырдæуы авторы номæй): æндон карды бырынкъæй уæлиау, митæхгæд хохы сæрыл скъахтон сонет. Бонтæ цæуынц. Чи зоны, ныр дæр ма миты хъæпæнтыл бæрæгæй баззади мæ иунæг фæд. Æрмæст хуры бон уыди, болат хъама мын ме 'мдзæвгæ æргъæу цъитийы фарсыл куыд ныв кодта, уый уынын. Мæ зæрдæ барухс вæййы, поэт мæ кæй бамбардзæни, ууыл хъуыды кæнгæйæ. Уадз æмæ мыл дæлиау, кæмдæр тæрфы цæрджыты салам макуы сæмбæла! Арв афтæ цъæх-цъæхид кæм у, уыцы бæрзонд цъуппыл бон-сихорафон скъахтон сонет, — хохы цъуппыл чи ис, æрмæст уымæн. Алихан йæ хуыздæр уацмысты схызти бæрзонд аивадон цъуппытæм, хæрз æрыгон уæвгæйæ иттæг хорз сахуыр кодта æмæ йæ зæрдæмæ арф айста дунеон поэзийы ахадгæдæр хæзнатæ. Райдайæнты йæм æнæгуырысхойæ фæхæццæ фæйнæ-фæйнæхуызон поэтты сфæлдыстады уддзæф. Фыццаджы-фыццаг йæ ахуыргæнджытæ уыдысты адæмон поэзи æмæ Къоста. Иæ къахайст цæмæй сфидар уа, уымæн ын стыр ахъаз фесты Гейне, Байрон, Лермонтов, Петефи, Уитмен, Бодлер, Верлен, Бальмонт, Блок, Брюсов... Алиханы поэзийы уидæгтæ сты арф æмæ къабазджын. Йæ рæстæджы æмæ уыйразмæйы дугты, стæй алы бæстæты алыхуызон поэтты фарн хаста йæ туджы. Уыдон ын феххуыс сты йæхи хъæлæс, йæхи дуне ссарынæн. Саби æнæ искæй кæнæ истæй æххуысæй къахыл зынтæй ауайдзæни, баххуыс кæнын ын фæхъæуы. Иугæр йæ къахыл куы ауайы, уæд та йын æрдзæй лæвæрд миниуджытæм гæсгæ хъуамæ уа, йæ хъару, йæ авналæнтæ куыд амонынц, ахæм цыды уаг. Искæй цыд æмæ миниуджытæ фæзмгæйæ адæймаг æппындæр цæуын дæр нал зондзæн. Алиханæн ирон поэзийы йæхи бæрзонд хох ис, йæ æхсонтигъ урс цъити ныдзæвы стъалытыл, хур ыл рæдауæй тауы йæ зæрин тынтæ. Фæлæ хъуыддаг афтæ рауад, æмæ уыцы хох иуцасдæр фæсвæд аззади, бирæ рæстæг ын дзыллæйы цæстæй хай нæ уыди, йæ сатæг дæттæй йын сæ дойны нæ састой, йæ фидауц сæм нæ хæццæ кодта. Цæй аххосæй? Аххостæ бирæ сты. Фыццаджыдæр, Алиханæн йæ удæгасæй мыхуыры рацыди нымадæй 5—7 æмдзæвгæйы, уыдонæн дæр сæ фылдæр журнал «Чырыстон цард» ы. Уыцы журнал та сæйраджыдæр пропагавдæ кодта дины хъуыддæгтæ, æмæ йыл адæм тынг æнувыд нæ уыдысты, стæй сæм парахатæй нæ хæццæ кодта. Дыккагæй, Алихан цардис æмæ сфæлдыстадон куыст кодта уæззау дуджы. Фæмард 1920 азы, революцийы æмæ мидхæсты тымыгътæ сæ тæккæ абухгæйæ куы уыдысты, уæд. Адæм фыртыхстæй сæ къухтæм æмхасæнтæ кодтой — никæй равдæлди поэты сфæлдыстадон бынтæ бахъахъхъæнын æмæ бабиноныг кæнынмæ. Æмæ, æппынфæстаг, (уый, æвæццæгæн, сæйраг аххос у) Алиханы поэзи вазыгджын æмæ арф у — йæ бамбарын бирæты бон нæ уыд. Æмæ баззади хибарæй, иппæрдæй. Йæ драмæ «Урс сынтытæ» фыццаг хатт мыхуыры фæзынд (уый дæр цыбыртæй æмæ редакцигондæй) 1951 азы педагогон институтты студенттæн æмæ скъолаты ахуыргæнджытæн арæзт ирон литературæйы чиныджы. Ахæм хуызы рацыди 1955 азы «Ирон литературæйы хрестомати»-йы дæр (Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты студенттæн). Уыцы чиныджы ма сты йе 'мдзæвгæтæ «Хохаг хъæу», «Изæргæрæттæ», «Изæрæй» æмæ «Уазал дæ зæрдæмæ калын». Бирæ рæстæджы дæргьы йæ архивтæ æнæвнæлдæй лæууыдысты Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæг институты. Æрмæст 1960 азы — поэтæн йæ амæлæтæй дыууиссæдз азы фæстæдæр — хицæн чиныгæй рацыдысты йæ уацмыстæ. Чиныджы ном хуынди «Малусæг». Фæлæ уырдæм дæр йæ фыстытæ сеппæт нæ бахаудтой. Алихан рохуаты баззади нæ критикæйæ. Йæ курдиат ын æппæты фыццаг бафиппайдта Тыбылты Алыксандр. Уый фыста 1925 азы: «Кæй зæгъын æй хъæуы, зын рахатæн у, æдзард поэты курдиат боныфæстагмæ цы бауыдаид, уый, фæлæ йын не 'мбырдгонды цы зарджытæ ис (ныхас цæуы, 1922 азы, «Малусæг», зæгъгæ, ахæм номимæ Дзæуджыхъæуы цы альманах рацыд, ууыл. — Хъ. Æ.), уыдоныл бæлвырд-бæрæгæй зыны, сæ ныффыссæг æцæг курдиаты хицау кæй уыди, уый. Дзæбæх ратæлмац кодта Бальмонт æмæ Брюсовы æмдзæвгæтæ. Фæлæ йæхи оригиналон фыстыты уьшбæрц тыхджындæр у, æмæ йын абарæн дæр нæй. Йæ авдæны зарæг йæ формæмæ гæсгæ у музыкалон, йæ апмæ гæсгæ та аивдзинадæй æрымысы Феты (76 фарс). Токайы-фырты æмдзæвгæ «Малусæджы» бæлвырд-бæрæгæй зыны, поэт бæрц кæй зоны, йæ чем, йæ равг, йæ зæрдæйы уагæн йæ рохтыл хæцынмæ кæй арæхсы, уый. Æмдзæвгæйы нæй иунæг æнæхъуаджы хъуыды, иунæг уæддай дзырд дæр, аивадон æгъдауæй у хæрз ифтонг, къух бакæнæн æм нæй». (Тыбылты Алыксандр. Равзаргæ уацмыстæ. Цхинвал, 1964, 156 ф.). Тыбылты Алыксандрæн Алиханы сфæлдыстадыл æнæхъæнæй æрныхас кæныны фадат нæ уыд — йе 'мдзæвгæтæй йын æрмæст дыууæ бакасти. Фæлæ хорз æрцахста Токайы-фырты поэзийы ахъаззагдæр миниуджытæ. Фæстæдæр Алиханы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй цы иугай чысыл уацтæ фæзынд, уыдоны уæлæнгай ныхас цæуы поэты тыххæй, йæ биографийы цы нæ уыдис, ахæм хабæрттæ дæр ыл-иу æрымысыдысты, искæцы факт ныффидар кæнынæн фаг æвдисæнтæ нæ вæййы, йе сфæлдыстад иртасæг куыстытæ тæссонд сты, ахуырадон бындур сын нæй, хаттæй-хатт элементарон хъуыддæгтæ дæр ныггалиутæ кæнынц. *** Бирæ рæстæг нымад цыд: Алихан райгуырди 1895 азы. Фæлæ уыцы датæ фыст æрцыд æрыхъусæггагæй: ницы æвдисæнтæ баззад, йæ биографи та йын кæйдæр ныхæстæй ныффыстæуыди. Поэты архивы разынд иу гæххæтт. Уым фыст и: «Приговор 1917 года декабря 30-го дня. Мы, нижеподписавшиеся граждане Даргавского прихода 1-го участка Владикавказского округа Терской области,... на обæественном сходе в присутствии временного комиссара нашего Урузбека Дзанагова обсуждали вопрос о выборе комиссара нашего прихода, и мы, поговорив между собой, единогласно решили избрать комиссаром нашего одноприхожанина Алихана Инусовича Токаева, 23 лет от роду, вполне подходящего своему назначению...» Ацы документ амоны: 1917 азы Алиханæн йæ 23 азы йæхи фесты. Гæххæтт афæдзы кæрон, 30-æм декабры арæзт кæй æрцыд, уымæ гæсгæ зæгъæн ис: Алиханæн уæд йæ цыппар æмæ ссæдзæм аз райдыдта, ома гæххæтт фыст куы 'рцыди, уæд ыл цыдаид 23 азы æмæ цасдæр. Афтæмæй нымайгæйæ поэты райгуырды аз 1895 нæу, фæлæ 1893. Йæ хо Мария дæр фидарæй зæгъы, куы, дам, фæмард, уæд ыл 27 азы цыди. «Нæ мад Дзгомæ дзауматæвæрæн хъæдын чырын уыди, — радзырдта нын Мария. — Уый уæлæ-иу алы аз дæр ныккодта уыгард — Алиханыл цал азы рацыд, уый бæрæггæнæнтæ. Куы фæмард, уæд ыл уыцы уыгæрдтæм гæсгæ цыди 27 азы». Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы æвдисæнтæ фаг нæма сты, Алихан 1893 азы райгуырди, зæгъгæ, фидарæй, æнæгуырысхойæ алыг кæнынæн. Фæлæ 1895 аз поэты райгуырды азыл банымайынæн та æппындæр нæй бындур. Уымæ гæсгæ уал нырма растдæр уыдзæн Алиханы 1893 азы гуырдыл нымайын. Уыцы заманты иу артæй рацæуæг бинонтæ цардысты иумæ. Токаты хæдзары хистæр Ханге уыди Инусы фыдыфсымæр. Бинонтæ æдæппæт уыдысты авд æмæ ссæдз. Инус æмæ Дзгойæн Алихан, сæ зæнæджы хистæр, райгуырди, Дзго чындзы куы æрцыд, уымæй авд азы фæстæдæр. Хæдзары кусæг къух кæй нæ фаг кодта, уымæ гæсгæ Алихан хæрз сабийæ бавзæрста бирæ фыдæбæттæ, зылди фосмæ, æххуыстæ кодта хосдзаутæн, цыди суг ласынмæ, хуым кæнынмæ... Дæргъæвсы уыди дыууæкъласон дины скъола. Алиханæн йæ афон куы 'рцыд, уæд æй радтой уырдæм. Чи йæ зыдта, уыдоны ныхæстæм гæсгæ лæппу скъола каст фæци кады гæххæттытимæ. Фæлæ йын дарддæр фадат нал уыд ахуыр кæнынмæ. Горæтмæ ацæуынæн, йе ахуыргæнæг баххуырсынæн æхца хъуыд. Иухатт Токатæм уазæгуаты æрбацыди Дзгойы æмхæрæфырт. Алиханæн фæтæригъæд кодта æмæ йæ раласта Санибамæ йæхи хæдзармæ. Баныхас кодта ахуыргæнæг Дзуццаты Асæгеимæ, æмæ уый æххуысæй сабийы райстой скъоламæ. Санибайы каст фæци цыппæрæм кълас. Дарддæр та йын фæндаг ничердæм уыд æмæ кодта хæдзары куыстытæ. Æвдæлон рæстæг касти, чиныгæй йæ къухы цыдæриддæр æфтыд, уыдон. Мад æмæ фыд æмбæрстой лæппуйы уавæр, ахуырмæ тынг зæрдæргъæвд кæй у, фæлæ йæ авналæнтæ цыбыр кæй сты, уый. Дзгойæн кæддæр йæ хо балæвар кодта хи уæфт тынæй конд зымæгон бæзджын кæлмæрзæн. Кæлмæрзæны аргъ уыди 12 сомы. Мад æй радта чындзмæ, ауæй йæ кæн, зæгъгæ. Æрмæст ма аст абазийы райста. Уыдонæй цастæ саразæн уыди! Цыдæр чысыл капеччытæ ма бамбырд кодтой æмæ Алиханы арвыстой горæтмæ. Уым иуцасдæр ацахуыр кодта. Уыцы рæстæг, ома, 1907 — 1909 азты фæцалх сфæлдыстадон куыстыл дæр. Йæ тетрæдты бирæ баззад уæды фыст æмдзæвгæтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, райдайгæ поэты уацмыстæ ифтонг нæ уыдысты бирæ цæмæйдæрты. Алихан нæма зыдта æмдзæвгæтæ фыссыны æгъдæуттæ. Æниу сæ æвадат, цыбыркъух лæппу кæм сахуыр кодтаид, кæд æмæ литературæйы теорийы чингуытæ йæ цæсты кæронæй дæр никуы федта. Кæд Къостайы «Ирон фæндыр»-ы хъæлæс Иры дзыхъхъы алы къуымты дæр ныййазæлыд, уæддæр ирон поэзи нырма хæрз æвзонг уыд, айв дзырд зæрдæйы фæндиаг йæ къабæзтæ нæма аивæзта. Ирон газеттæ, ирон журналтæ-иу зынджы стъæлфæнтау ферттывтой æмæ та-иу уайтагъд ахуыссыдысты. Алихан поэзийы æвзагæй равдисын фæлвæрдта, йæ æнæхин, хæлар сабион зæрдæйæ, йæ цымыдис цæстытæй, йæ къæрцхъустæй цы нывтæ уыдта, уыдон. Йæ фыццаг æмдзæвгæтæн æрмæст сæ нæмттæй дæр базонæн ис, æвзонг поэт цæуыл цин кодта, цæмæй рысти, уыдæттæ: «Иунæджы бон», «Лæппу æмæ цъиу», «Амонд», «Бандон», «Дуне», «Нæ хъæу», «Кæрдинаг», «Зынг», «Хур», «Сæрд», «Уалдзæджыфæзынд», «Цуаны»... Æмдзæвгæтыл зыны, сабийы æвæлтæрд къухæй фыст кæй сты, суанг дамгъæтæ дæр — тæссонд, зылын-мылынтæ, сывæллоны кæнæ ногдзыд карчы цъиутау фæцудынц. Фæлæ — диссаг: хуымæтæджы хæххон лæппуйы цардуынынады ис цыдæр æнахуыр фæзилæнтæ, «цæллахътæ», «сабузтытæ». Кæд æмдзæвгæтæ фыл дæр хатт Гейнейы, Лермонтовы, Крыловы, Къостайы æндæвдадæй райгуырынц, уæддæр дзы райсомы тыбартыбургæнгæ æртæхтау ферттивынц хи нывæст дзырдбæстытæ, фæлгонцтæ, ахорæнтæ: «Тæхуды, зонды хъæр базон: дæ фосы къорд кæм сты — æрцагур. Кæм дæ, иу фыййау уарзон? Кæм мæгуырæй хæтыс æфстаугур? Кæм ныдздзæгъæл дæ рагæй? Уæд та ма нывондæн иу фыс пырх фосæй ракæ хъæдæй...» (Æмдзæвгæ «Кæм дæ»). Ам Къостайы «Æнæ фыййау»-ы интонацитæ кæй ис, уый дызæрдыггаг нæу. Фæлæ уыйхыгъд «Тæхуды, зонды хъæр базон» кæнæ «Кæм мæгуырæй хæтыс æфстаугур?», зæгъгæ, уыцы рæнхъытæ сыгъдæгæй Алиханы сты. Йæ иннæ æмдзæвгæ хуыйны «Æнкъард наз». Ис дзы ахæм ныхæстæ: «Бæрзонд ран къæдзæхы тигъыл — иунæг наз бæлас. Тымыгъ æм хæссы... Æнкъардæй хъуыдыгæнгæ кæсы, урс цармы мидæг — тыхт. Цыма ахæм фын уыны: «Циу ахæм талынг ран цард! Иу уацхъуыдхæссæг мæргътæй нæй мæ цуры. Риуæй сæрмæ — рихитæ салд... Сæр æруагъта бынмæ, — къæхты бын уидæгтæм кæсы: дымгæйы ызмæлынц бындзарæй. Химидæг митфæлдзæгьдæн хæссы: «Тæхуды, æз дæр!.. Æвадат зын ран, цух — бартæй...» Ацы æмдзæвгæ кæсгæйæ зæрдыл æрлæууы Лермонтов. Фæлæ дзы уымæй уæлдай æнкъарæм хохаг лæджы сагъæстæ, уынæм дзы, талынг цъассы рохуаты чи баззад, æгас дунейæ иппæрд чи у, уыцы райгуырæн хъæубæсты хъысмæт, æвирхъау дудгæбонтæ чи æвзæрста, уыцы гæвзыкк дзыллæйы уавæр. Ацы хъуыдытæ Алиханæн йæхи зæрдæйæ рацыдысты. Йæ хъæлæс нырма æвæлтæрд у, фæлæ дзы ныфсхаст мыртæ райхъуысы: йæ уидæгтæ бындзарæй кæмæн змæлынц, ахæм наз бæласæн æвзонг поэт радта удæгас адæймаджы миниуджытæ — хъуыды кæны, æрхæндæг сагьæстæ йыл сагъуыдысты, суанг ма йæ «зæрдæйы» митфæлдзæгъдæн дæр сыстад. Цыппæрдæс-фынддæсаздзыдæй ныффыста Алихан йæ иннæ æмдзæвгæ «Ирæн хæлыны хос». «Нæ Ир алырдæм къабæзтæ ауагъта», — зæгъы поэт æмæ уыцы къабæзтæ нымайы номæй-номмæ: кæвдæсæрдтæ, фæрссаг лæгтæ, таубитæ, тæгиатæ... Æрыгон поэт иронийы хуызы æвдисы уæдыккон Ирыстоны: иуæй социалон кълæстыл дихтæ уыд, иннæмæй — комæй коммæ, хъæуæй хъæумæ. Алы ком дæр цард йæхи цардæй, не 'мбæрста адæмы хъæр. Суанг-иу хицæн хъæуты 'хсæн дæр рауади хъаугъатæ, фылдæр хатт — ницæй тыххæй. Ноджы ма дыууæ диныл дæр кæрæдзи хæрынц... Ныббарæм райдайгæ поэтæн техникон къуыхцытæ, æвзаджырдыгæй хицæн аиппытæ, фæлæ æркæсæм, æмдзæвгæйы сæйрагдæр цы у, уымæ: Алихан хæрз сабийæ схызти, йæ чысыл адæмы хиæмбарынад кæуинаг уавæры кæй ис, хæхты æнуд цъассыты адæм кæрæдзи хъуынхъис кæй хæрынц, Къостайы загъдау, иугай кæй ныйисты æмæ сæ рамбырдгæнæг кæй нæй, уыцы хъуыдыйы онг. Поэтæн йæ бон нæма у, уыцы хъуыддаджы аххосджын чи у, уый зæгъын, æмæ уайдзæф кæны æппæт адæмæн иумæ, тугцъирæй, æххуырстæй — иуы дæр дзы хицæн нæ кæны, æрмæст сæм сиды, цæмæй сæм уа иудзинад. Бæрæг у, Алихан Къостайы сфæлдыстад хорз кæй зыдта, уый хъуыдытæ йæхи хъуыдытæм хæо тæг кæй лæууыдысты. Æмæ-иу бар-æнæбары фæхæццæ Алиханы æмдзæвгæтæм Къостайы тохы зарджыты тавс. Къостайы уацмысты сæрибаргæнæг фарн æвдадзы хосау ахъардта Алиханы сфæлдыо тады æвзонг æмæ лæмæгъгомау, фæлæ суинаг къабæзты, фæахъаз ын йæ базыртæ айтындзынæн, радта йын тæхыны монц. *** Токаты бинонты хистæр Хангейæн йæ фырт Темырболат куыста Бакуйы, æфсæнвæндаджы машинистæй. Йæ фæллад уадзынмæ-иу æрбацыди сæхимæ, Дæргъæвсмæ. Алихан ахуырыл куыд æнувыд у, уый федта æмæ бинонтæн сæ хъусы бацагъта, лæппуйы мемæ Бакумæ аласон æмæ йæ искæцы скъоламæ радтон, зæгъгæ. Бинонтæн æхсызгон уыди. Барæвдз кодтой лæппуйы. Афтæмæй Алихан сси Бакуйы денджызон скъолайы ахуыргæнинаг. Поэт цы уавæрты ахуыр кодта, уымæн æвдисæн у мæнæ ацы гæххæтт, фыст у йæхи къухæй: «Крайне бедственное положение заставляет меня обратиться к милости Горского обæества. Я, ученик Бакинского императора Александра П-го мореходного училища дальнего плавания, кое-как довел свое образование до П-го специального класса, теперь же остались последние два года до окончания, и вследствие крайней несостоятельности я должен лишиться дальнейшего образования и потому покорнейше прошу Совета обæества снизойти к моему бедственному положению и дать мне возможность внесением за меня платы за право учения окончить курсы. При сем представляю удостоверение о бедности за №... и удостоверение Бакинского императора Александра П-го мореходного училища дальнего плавания. До сих пор меня освобождали от платы за право учения, теперь, лишившись этой возможности, я должен бросить учение». 1912 азы кæрон кæнæ 1913 азы райдайæны Токаты Алихан фыст фæци йæ пьесæ «Урс сынтытæ» æмæ йæ арвыста Калакмæ, цæмæй йын бар лæвæрд æрцæуа сценæйы равдисынмæ. Пьесæйы къухфыст цензоры штамп æмæ мыхуыримæ, стæй йын сценæйы æвдисынмæ бар лæвæрд цæуы, зæгъгæ, ахæм дзуаппимæ æрбаздæхти 1913 азы декабры. Бакуйы ирон драмон къорды уæнгтæ бавнæлдтой пьесæ сценæйы равдисынмæ. Пьесæйы архайджытæй иу — Къæбылайы ролы — хъазыд автор йæхæдæг. «Æз ныртæккæ афтæ æнæвдæлон дæн, æмæ йын зæгьæн дæр нæй: иуæй скъолайы вæййын, иннæмæй та хъазтизæр саразыныл архайæм. Кæнæм æй 26 февралы, æмæ уæм билеттæ арвитдзыстæм...» — фыста Алихан 1914 азы 10 февралы Токаты Лизæмæ. Изæр аразджытæ развæлгъау джиппы рауагътой хуынды билеттæ. Уыдон уыдысты урс зæлдаг хъуымацæй, сæ уæрх — иу-30 саниметры, сæ дæргъ та — метры æмбисмæ æввахс. Аив джиппæйфыст сау дамгъæтæ... Билеттæй иу баззад Алиханы архивы. Фыст дзы ис: «Почетный семейный билет. Во вторник, 25 февраля 1914 года в зале Обæественного собрания дан будет вечер в трех отделениях кружком любителей драматического искусства в пользу несостоятельных учеников-осетин Баку. Представлено будет на осетинском языке «Урс сынтытæ» («Белые вороны») — трагедия в 3-х действиях из бытовой жизни горцев, сочинение В. Токаева» (Алиханæн йæ аргъуыды ном уыди Владимир). *** Денджызон скъолайы Алиханæн фадæттæ нæ уыди сфæлдыстадон куыстæн. Иуæй ахуыры программæ тынг вазыгджын разынд, иннæмæй Темырболаты къуындæг фатеры цалдæр бинойнаджы æхсæн поэтæн йæ авналæнтæ цыбыр уыдысты. Нымадæй æрмæст цалдæр æмдзæвгæйы ныффыста уыцы азты: «Æбуалгъ рæстæг», «Изæрæй», «Изæргæрæттæ», «Хохаг хъæу», «Уæууæй», «Къутæрты Сабазджерийæн», «Уынгæг мæйдар», «Æгæр тынг æфхæрд дæн фыррæстæй», «Хабæты Мамсырæн» æмæ æндæртæ. Æмдзæвгæ «Уæууæй» рацыди журнал «Чырыстон цард» ы 1915 азы æртыккаг номыры. Уый уыди поэты фыццаг мыхуыргонд уацмыс. Цалдæр цардæгас нывæй Алихан иттæг дæсны сарæзта ирон адæмы уæдыккон сурæт. Сæдæгай азты дунейы цардæй иппæрд чи уыд, æрмæст ололийы, саугуырм уыджы уастмæ чи хъуыста, уыцы адæмы трагеди нывгонд æрцыд нуарджын ахорæнтæй: Уæууæй, нæуæндаг, кæнæм фыдвæндаг — Кæм уа цæрвджындæр, уырдæм нæ хуыздæр Цæй, ныр цы кæнæм, куырмæй куыд цæрæм? Æмдзæвгæ зына-нæзына фæхъæстæ Къостайы поэзийы уæлдæфæй. Раст зæгъын хъæуы, ам дæр та поэт æвдисы, рагæй-æрæгмæ йæхи зæрдæйы чи сцæм, уыцы ристæ. Хаттæй-хатт зæй раскъуыйынæн хъæрæй ныхас кæнæ змисы мур фаг куыд вæййы, афтæ Алиханæн дæр йæ зæрдæйы цы катай æмæ хъыг фембырд, уыдон раскъуынынæн фæахъаз, Къостайы уацмыстæ кæй каст, уый. Æмдзæвгæйы сиу сты уарзт, карз уайдзæф, мæт æмæ сидт. Æрмæст стæм хатт æрбакæсы талынг цъассытæм уалдзыгон хуры тын, сæрттивынц уыгæрдæнтæ, æмæ «дидинджытæй бындз» адджын мыд фæнуазы, «зараг цъиу ыстæхы цъæх арвмæ бæрзонд». Райсомы æртæхæй Æфхæрд хуымгæнæг лæгæн исдуг йæ мæстæлгъæд «Сау зæрдæ ныррухс», цъиуы зарæгмæ хъусгæйæ бабæллыди: тæхуды, уый цард мæ куы уаид! Фæлæ бирæ нæ ахæссы йæ цин, уымæн æмæ: Хъызт зымæг æрцæудзæн — Æрдз у ахæм тых, адæймагæн йæ рис, йæ хъыг йæхимæ чи райсы, йæ уаргь ын чи фæрогдæр кæны. Алиханы пейзажтæ айдагъ пейзажтæ не сты, уым тæлфы цардæгас адæймаджы зæрдæ. Цыфæнды райдзаст нывты æхсæнæй дæр аууонау æваст фегуыры сагъæс, раст цыма поэт афтæ зæгъынмæ фæхъавы, нæ фехъуыстон ма зæгьут, кæд æрдз рухс æмæ фæлыст у, уæддæр та боныхъæд ивдзæни, цины фæстæ æрцæудзæни маст, сагъæс. Алиханæн, мæнырдыгонау, уый сæрмагонд поэтикон мадзал у, зæрдæйы диалектикæимæ баст вæййы, поэты контрасты руаджы æнкъарæнты æрфытæм нывналын фæфæнды. Дзырдтæ поэты дзыхы сæрттивынц, сæ хуыз скалынц, сæ гаччы абадынц: Къæдзæхты фæстæйæ хур Зынгау æрттивы нæ дон, Арвыл тыбар-тыбур кæнынц Ацы рæнхъытæ æнæаипп не сты: уыцы иу дзырдтыл дзы æмбæлæм цалдæргай хæттыты, ранæй-рæтты фехæлы ритм. Æмдзæвгæйæн йæ иннæ хай æгæр дæргъвæтин у, фаг мидорганизаци дзы нæй, уыйхыгъд ахорæнтæй хъæздыг у. Алыхуызон зæлдаг æндæхтæй нывæфтыдтæ кæнæгау поэт дзырдтæй саразы, цæстытыл чи уайы, ахæм фæлгонцтæ. Date: 2015-09-24; view: 403; Нарушение авторских прав |