Полезное:
Как сделать разговор полезным и приятным
Как сделать объемную звезду своими руками
Как сделать то, что делать не хочется?
Как сделать погремушку
Как сделать так чтобы женщины сами знакомились с вами
Как сделать идею коммерческой
Как сделать хорошую растяжку ног?
Как сделать наш разум здоровым?
Как сделать, чтобы люди обманывали меньше
Вопрос 4. Как сделать так, чтобы вас уважали и ценили?
Как сделать лучше себе и другим людям
Как сделать свидание интересным?
Категории:
АрхитектураАстрономияБиологияГеографияГеологияИнформатикаИскусствоИсторияКулинарияКультураМаркетингМатематикаМедицинаМенеджментОхрана трудаПравоПроизводствоПсихологияРелигияСоциологияСпортТехникаФизикаФилософияХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника
|
Хъодзаты æхсар. Токаты Алихан 4 page
Алиханы поэзийæн фидар реалистон бындур ис. Поэт хæрз сабийæ цы зынтæ бавзæрста, уыдон фæстæдæр афтæ сныв кодта: Калæм сау хуымыл нæ туг, Хох — хъæбæр. Сыгъд у, сыд у, Цардæгас ахорæнтæ, ирд нывтæ æмæ мырты аив азæлд æнгом баст сты дзурæджы утæхсæнтимæ. Уарзт æмæ маст схъуырдухæн сты, куы сæ иу фæуæлахиз вæййы, куы иннæ. Уарзтæй æвзæры маст (райгуырæн хæхтæ ахæм æфхæрд уавæры кæй сты, уымæ гæсгæ), мастæй та — уынгæг æмæ ныфсхаст зарæг. Мæнæ цы трагикон кæрон ис æмдзæвгæйæн: Фесæф, фесæфай, мæ хох, Уалдзыгон къалиутау ныттынг сты дзурæджы зæрдæйы нуæрттæ. Уынæргъынау уæнгты ахъары, карз æлгъыстæй, æхсидгæ мастæй æмæ æнусон уарзтæй чи райгуырд, уыцы рæнхъ: «Сау цæссыджы 'ртах дæ». Сæрмагонд ныхасы аккаг у сонет «Цыкурайы фæрдыг»: Мæнмæ цыкурайы фæрдыг ныр ис. Нæ радта уый мæнæн ыстыр дзуар Дзывгъис, Фæндонæй æз фæтæхдзынæн уæларвмæ, Дæлдзæхæн та ныккæсдзынæн йæ арфмæ, Ацы æмдзæвгæ арæзт у æцæг классикон сонеты домæнтæм гæсгæ. Ирон æвзагыл ахæм сонет фыццаджыдæр Алихан ныффыста. Дыууæ катрены (цыппаррæнхъоны) дæр баст сты зæланггæнаг рифмæтæй: ис — рис — Дзывгъис; курон — хурон — Æртхурон — фыдхъулон. Ахæм зæланггæнаг рифмæтæ ис терцетты (æртырæнхъонты) дæр: уæларвмæ — арфмæ — тарфмæ; тын — хæтын — фын. Катренты фыццаг æмæ цыппæрæм рæнхъытæ рифмæгонд цæуынц иумæ, дыккаг æмæ æртыккаг рæнхъытæ та иумæ. Ахæм уагыл фыст сонеты фыццаг терцеты æртыккаг рæнхъ хъуамæ рифмæйæ баст уа дыккаг терцеты дыккаг рæнхъимæ. Алихан ацы фæтк нæ фехæлдта. Æмдзæвгæ композицион æгъдауæй дæр у сонеты æппæт домæнты аккаг: алы строфа дæр æвдисы æххæст хъуыды. Фыццаг у экспозици. Поэт нын æмбарын кæны, йæ ныхасы сæр цæуыл уыдзæн, уый: лирикон герой буц у, йæ къухы цыкурайы фæрдыг кæй бафтыд, уымæй. Цы у, цæмæн хъæуы цыкурайы фæрдыг? Уыцы фарстæн дæр дзуапп ис фыццаг катрены. Цымæ куыдæй бафтыд адæймаджы къухы ахæм æмбисонды хæзна? — сцымыдис вæййы чиныгкæсæг. Æмæ йæ фарстæн дзуапп ссары дыккаг катрены. Ам æмдзæвгæйы мидхъару цæуы тыхджындæргæнгæ. Фæстагмæ схизы йæ тæккæ бæрзонддæр рындзмæ: «Æз калмæй байстон уый — уыди фыдхъулон, цæхæртæ калгæ сау маргæй сыгъдис». Ацы рæнхъыты уыйбæрц змæлд, уыйбæрц экспресси ис, æмæ мах æнкъарæм æрдзы сау тыхтимæ мæлæтдзаг тохы алы фæзылд дæр. «Фыдхъулон», «цæхæртæ калгæ» æмæ «сау маргæй сыгъдис», зæгъгæ, уыцы цалдæр дзырды руаджы поэт сарæзта тыхджын контрастон нывтæ, бавæрдта дзы зæрдæйы арфæй цæуæг æнкъарæнтæ. Цымæ цæй охыл уыд йæ удуæлдай тох? — ноджы тынгдæр сцымыдис вæййы адæймаг. Æмæ кæд йæ фарстæн фыццаг строфайы иумæйаг дзуапп ссардта: «Дзæбæх кæны фыдниз, уый зоны рис», уæд сонеты фыццаг æмæ дыккаг æртырæнхъонты та поэт бæстондæрæй æвдисы йæ хъуыды: «Фæндонæй æз фæтæхдзынæн уæларвмæ, æркаддзынæн нæ зæхмæ Рухсæй тын, дунетыл таудзынæн рæсугьддæр фын» æмæ а.д. Кæронбæттæны æххæстæй раргом сонеты апп: «Æз талынгæн æрхаудзынæн йæ тарфмæ». Æмдзæвгæйы ис, бирæ фæлтæртыл чи ахады, адæймаджы стырдæр идеалтыл чи дзуры, ахæм арф философи. Уый æнцайы фидар национ бындурыл. Автор поэзийы объектæн райста, ирон адæм незамантæй фæстæмæ кæй зонынц, сæ зонды чи ныффидар, фыдæлтыккон таурæгътæй нæм чи æрцыд, уыцы «цыкурайы фæрдыг». Йæ ном — йæ уæлæ: цы курай, уый дæттæг. Мард æгас кæныны, цæфтæ дзæбæх кæныны хъомыс кæмæ ис, ахæм. Нарты кадджыты дæр ыл æмбæлæм. Райгуырд адæмы сыгъдæг бæллицтæй, хъæздыг фантазийæ. Фæлæ йын, чи зоны, кæддæр цыдæр реалон бындур уыди. Цыдæриддæр у, уæддæр дзы поэт иттæг дæсны спайда кодта. Цыкурайы фæрдыг — лæджы идеал, цæрæнбонты бæллиц, фæлтæрты зонд æмæ зæрдæйы рухс, дзыллæйы амонд. Калмы комæй, ома, æрдзы æмæ æхсæнады сау тыхты дзæмбытæй Рухс ратонын, зæххыл æмæ йæ адæмы зæрдæйы байтауын — уый у лæджы нысан. Ай-гъай, къухы æнцонтæй не 'фты, фæлæ йæм хъуамæ тырна алчи дæр. Хъуамæ тохы монц макуы бамынæг уа туджы. Амонд уæлæрвтæй кургæ нæу, Уацилла, Сафа кæнæ дын æй Æртхурон æввонгæй нæ ратдзысты. Йæ сæрыл удуæлдай тох хъæуы, æмæ уый фæстæ «талынгæн йæ тарфмæ æрхауын», амæлын дæр зын нæу... Ахæм алыхуызон ассоциацитыл бафтауы адæймаджы Алиханы сонет. Цыбырæй уый зæгъынмæ хъавын, æмæ æмдзæвгæйы хъуыды исты сæрмагонд фæлгæты бакæнæн нæй, бирæ парахатдæр, бирæ къабазджындæр æмæ вазыгджындæр у, стыр мидхъару дзы ис. Æрдзы сусæгтæ кæронмæ никуы ничи банкъардзæн, ничи раиртасдзæн. Афтæ у æцæг аив уацмыс дæр, алы ног бакастæн дæр дзы ссарæм цыдæр æмбæхст фæзилæн. Алиханы сонеты цы сæйраг хъуыды раиртæстон, уымæй дарддæр ма дзы нæ бон ацахсын у æндæр истытæ. Зæгъæм, цыкурайы фæрдыг мæм кæсы аивады символ дæр. Чи зоны, Алихан равдисынмæ хъавыди поэты удуæлдай куысты нысан æмæ сфæлдыстадон процесс. «Чи зоны» уымæн зæгъын, æмæ ма æмдзæвгæйы ноджы æндæр сусæгтæ дæр разындзæни. Загътон ма йæ: æцæг аивадæн йæ уидæгтæ тынг арф сты. Адæймаг дæр æрдзы иу хай у æмæ, цы хæзнатæ сфæлдисы, уыдон æрдзы сконд хæзнатау æвидигæ сты, кæронмæ сын райхалæн нæй. Афтæ уыдзæни, цалынмæ Адамы зæнæгæн сæ мыггаг нæ сыскъуыйа, уæдмæ. Токаты Алихан йæ уацмысæн æрмæг райста ирон адæмы цардæй, нывæрдта йæ, ирон аивадæн æцæгæлон чи уыд, æртындæсæм æнусы Италийы чи фæзынд æмæ поэтты раз сæрмагонд домæнтæ чи æвæрдта, ахæм формæйы. Токайы-фырты стыр курдиаты руаджы нæ литературæ «суазæг кодта», Петраркæ, Данте æмæ Микеланджело се 'мбисонды уацмыстæ цы формæйыл фыстой, уый. Æмæ кæд Алиханы сонетæн фидар национ бындур ис, уæддæр йæ хъуыды æппæтадæмон у. Поэт цы хъуыддагыл дзуры, уыдон канд ирæттæм нæ хауынц, фæлæ, зæгьæм, апойнæгтæм дæр, францæгтæм дæр, индейæгтæм дæр... Ахæм æцæг классикон сонеттæ Алиханы фæстæ нæ поэттæй бирæ рæстæг ничиуал ныффыста. Стыр сфæлдыстадон сгуыхтыл банымаинаг у Алиханы поэтикон сфæлдыстад. Токайы-фырт литературон куыст кодта æдæппæт дæс-дыууадæс азы дæргьы, уый дæр тыхст æмæ уырыд заманты, дзыллæйы лæгты, уыдонимæ Алиханы дæр, сæрибарыл тохæй сæ сæр схъил кæныны бон куынæ уыд, уыцы дуджы. Райдайæны æмдзæвгæтæ фыссыны æгьдæуттæ дæр нывыл чи нæма зыдта, уымæн нымадæй цалдæр азмæ бантысти дунеон аивады егъаудæр рындзы æмвæзмæ слæгæрдын. Æцæггадæй, поэт калмы дзыхæй байста, «цæхæртæ калгæ сау маргæй чи сыгъдис», уыцы «цыкурайы фæрдыг». 1972 аз. Date: 2015-09-24; view: 527; Нарушение авторских прав |