Главная Случайная страница


Полезное:

Как сделать разговор полезным и приятным Как сделать объемную звезду своими руками Как сделать то, что делать не хочется? Как сделать погремушку Как сделать так чтобы женщины сами знакомились с вами Как сделать идею коммерческой Как сделать хорошую растяжку ног? Как сделать наш разум здоровым? Как сделать, чтобы люди обманывали меньше Вопрос 4. Как сделать так, чтобы вас уважали и ценили? Как сделать лучше себе и другим людям Как сделать свидание интересным?


Категории:

АрхитектураАстрономияБиологияГеографияГеологияИнформатикаИскусствоИсторияКулинарияКультураМаркетингМатематикаМедицинаМенеджментОхрана трудаПравоПроизводствоПсихологияРелигияСоциологияСпортТехникаФизикаФилософияХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника






КАДÆГ





Сымах, сымахæн у мæ цагъд,

Уæ, мæ хæхтæ.

Сæфут. Фесæфут, цæй, тагъд,

Сыгъд къæдзæхтæ!

 

Дзурын, дзурын уæм хъæрæй

Талынг комæй.

Дзурын, дзурын уæм сæрæй

Æз уæ номæй.

 

Уæ, мæ уазал хох, сыгъд хох,

Мæн ысхастай.

Нæу мæ риуæй уазал рох,

Дзаг у мастæй.

 

Хъусын, хъусын æз хъæрзын

Талынг комæй.

М' адæм, домы дæ хæрз зын,

Тоны, тоны.

 

Хæхты зды мигътæ ныббадт,

Хæхты — уазал.

Уазал рауагъта йæ фат...

Хæхты у' адзал.

 

Зар ды, зар, мæ фæндыр, цæй,

Зар мæ хæхтæн.

Тулы, згъæлы хъæутыл зæй.

Зæрдæ сцъæхтæ.

 

Ниут талынджы сымах,

Уæ, мæ адæм.

Ризæм, ниуæм иумæ мах

Миты батæм.

 

Стонг, æххормагæй, сыдæй

Хохы даут.

Хорзæн хосæн тард, зыдæй

Дудгæ таут.

 

Рыст, æлгъыст, уæ, хох, мæ хох,

Тагъд ды фесæф.

Сыд. Фырзыд... Сызгъæрин хох,

Федтай де сæфт.

***

Хох! Мæ хох, мæ хох, мæ хох,

Фесæфай бынтондæр.

Рох дæ, рох дæ, рох, фыдрох,

Нал уыдзæн зындондæр.

 

Хъæутæ къуыбыртыл цæрынц,

С’ алыварс — зæйуæттæ.

Дæттæ быдыртæ хæрынц,

Хох-лæгæт — нæ уæттæ.

 

Хæхтæй цъититæ кæлынц.

Бирæйы фæхæссынц.

Хуымтæ сау зæйæ хæлынц,

Афæдз дæр нæ хæссынц.

 

Хæхтыл сау зæйæ цæндтæ

Миназгай фæкодтам.

Дæгъты, къæдзæхты кæндтæ

Тухитæй ыскодтам.

 

Калæм сау хуымыл нæ туг,

Къахæнтæй фæкъахæм.

Афтæ лидзы, згъоры дуг.

Сау дуртæ фæлдахæм.

 

Хох — хъæбæр. Сыгъд у, сыд у,

Хортæ дзы нæ зайы.

Хох зыд у, зыд у, зыд у,

Хорæй нæ фæсайы.

 

Хæхтæй рауайы ныл зæй,

Нал вæййы хъæбæрхор.

Ниуæм талынджы сыдæй.

Бахæрæм нæ фæлхор.

 

Стонг, æххормагæй, сыдæй

Чъизи цардмæ хъавæм.

Мах кæрæдзийæ зыдæй

Дур-хъæдур фæдавæм.

 

Фесæф, фесæфай, мæ хох,

Фесæфай мын тагъддæр.

Ды мæнæй нæ кæныс рох, —

Сау цæссыджы 'ртах дæ.







Date: 2015-09-24; view: 299; Нарушение авторских прав



mydocx.ru - 2015-2024 year. (0.006 sec.) Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав - Пожаловаться на публикацию