Полезное:
Как сделать разговор полезным и приятным
Как сделать объемную звезду своими руками
Как сделать то, что делать не хочется?
Как сделать погремушку
Как сделать так чтобы женщины сами знакомились с вами
Как сделать идею коммерческой
Как сделать хорошую растяжку ног?
Как сделать наш разум здоровым?
Как сделать, чтобы люди обманывали меньше
Вопрос 4. Как сделать так, чтобы вас уважали и ценили?
Как сделать лучше себе и другим людям
Как сделать свидание интересным?
Категории:
АрхитектураАстрономияБиологияГеографияГеологияИнформатикаИскусствоИсторияКулинарияКультураМаркетингМатематикаМедицинаМенеджментОхрана трудаПравоПроизводствоПсихологияРелигияСоциологияСпортТехникаФизикаФилософияХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника
|
ЦЫКУРАЙЫ ФÆРДЫГСтр 1 из 34Следующая ⇒
Сонет Мæнмæ цыкурайы фæрдыг ныр ис. Æдзух вæййы мæнмæ æппæт, цы курон. Уый нæу зæххон, уæларвонтæй у — хурон, Дзæбæх кæны фыдниз, уый зоны рис.
Нæ радта уый мæнæн ыстыр дзуар Дзывгъис, Нæдæр та Сафа, Уацилла, Æртхурон. Æз калмæй байстон уый — уыди фыдхъулон, Цæхæртæ калгæ сау маргæй сыгъдис.
Фæндонæй æз фæтæхдзынæн уæларвмæ, Æркалдзынæн нæ зæхмæ Рухсæй тын. Мæ аууон бæстыл райдайдзæн хæтын.
Дæлдзæхæн та ныккæсдзынæн йæ арфмæ, Дунетыл таудзынæн рæсугъддæр фын. Æз талынгæн æрхаудзынæн йæ тарфмæ. *** Мæн сызгъæринтæ нæ хъæуы, Зæрдæ уыдоныл нæ кæуы. Мæн хъæуы æртæх. Уæ, æртæх! Æртæх ды махмæ, Ды æртæх мæ хуымы хахмæ, Уалдзыгон æртæх. Курын, кувын æз æртæхмæ, Кæд æртæхид уый мæ зæхмæ. Уæ, мæ куывд, фæтæх. Ды фæтæх, мæ куывд, Хуыцаумæ, Уæ, æртæх, æртæх, æрхау-ма, Бапырх кæ нæ зæхх. Зæхх куы бапырх уа æртæхæй, Уæд æрттивдзæни дзæбæхæй, Калдзæни йæ тæф. Фæлмæн кæрдæг уæд цъæх дардзæн, Фæлмæн фынтæ зæрдæ зардзæн Уалдзыгон æхсæв. ФАРНЫ ФЫНТÆ Бады бæстыл буцæй Фарн-фынæй æнцад. Балы бын фырбуцæй Бафынæй нæ цад.
Фарны фынтæ дзуры Сусæгæй нæ хъæд. Дардмæ зынтæ суры Заргæ зæрдæ-зæд.
Худгæ хур нывæнды Тар хъæды тынтæ.. Тар зæрдæйы 'рфæнды Фенын та фынтæ. *** Уалдзыгон хур хъазыди. Мыдыбындз æй базыдта, Чыргъæдæй уый ратæхы...
Дидинджытыл кафынæй Бон-изæрмæ бафæллад — Дидинæгыл бафынæй. ХЪÆДЫ ФЫНТÆ Худы хъæдмæ, арвæй худы мæй, Тауы тархъæды йæ тынтæ. Уæлдæф цуды расыгау, цæмæй Цадмæ рарвита йæ фынтæ.
Тынтæ зилынц тархъæды бынæй, Зæххæй бæлæстæм фæхилынц. Иутæ буцæй сыфтæры — фынæй, Иннæ — дидинджыты зилынц.
Иу ыссардта дидинæджы бындз, Иннæ фынæй цъиуæй хъазы. Цъиуæн базырæй æмбæрзт йæ фындз. Иннæ — цады дауы хъазы.
Цады найынц бæлæстæ сæхи, — Хъæд фырцинæй цады хъазы. Мæй дæр фены цады бын йæхи. Цад йæхимæ тынтæ ласы.
Худынц сыфтæртæ кæмдæр æнцад, Уæлдæф сыфтæртыл улæфы. Уæлдæф нуазы сыфтæртæн сæ ад... Худын хъуысы, худын сæфы.
Сусæгæй сыбар-сыбур хъуысы. Уæлдæф дидинджытæм хъуызы, Афтæ уарзон уарзонмæ хъуызы, Уарзон уарзоны куы мысы.
Сусæг сыр-сыр сыфтæртæй ыссыд... Уыдон худгæйæ фæцудынц. Уæлдæфы фæлмæн батæ хъуысыд... Ууыл сыфтæртæ фæхудынц. Date: 2015-09-24; view: 468; Нарушение авторских прав |