Полезное:
Как сделать разговор полезным и приятным
Как сделать объемную звезду своими руками
Как сделать то, что делать не хочется?
Как сделать погремушку
Как сделать так чтобы женщины сами знакомились с вами
Как сделать идею коммерческой
Как сделать хорошую растяжку ног?
Как сделать наш разум здоровым?
Как сделать, чтобы люди обманывали меньше
Вопрос 4. Как сделать так, чтобы вас уважали и ценили?
Как сделать лучше себе и другим людям
Как сделать свидание интересным?
Категории:
АрхитектураАстрономияБиологияГеографияГеологияИнформатикаИскусствоИсторияКулинарияКультураМаркетингМатематикаМедицинаМенеджментОхрана трудаПравоПроизводствоПсихологияРелигияСоциологияСпортТехникаФизикаФилософияХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника
|
ИЗÆРÆЙ
Хъæдмæ мæ тагъддæр фæцæуын фæнды — Зараг цъиу диссаджы зарæг кæны Хъæды изæрæй Бæласы сæрæй... Булæмæргъ, булæмæргъ, ма фæтæх дард, Ма фæтæрс, ма фæтæрс, бæласыл бад. Азар мын, цæй, Ма тæрс мæнæй... Зæрдæ æнцадæй ныр — хъæлдзæг, æнкъард, Диссаджы зардæй мæ зæрдæ æрцард. Хъусын, лæууын, Худын, кæуын... Азар мын, азар мын, булæмæргъ, цæй!.. Райдыдта, райдыдта тагъддæр, хъæрæй. Ма уадз дæ зард, Ма бад æнцад. Дидинæг, дидинæг, ракал дæ тæф, Диссаджы тæфæй ды дзаг кæн уæлдæф. Рæз мын ды дæр, Тæф кæн фылдæр. Хæхтæй фæтулы, фæтулы нæ хур... Азар-ма, азар-ма, цæй, ды, мæ хур, Уæ, цъиу, мæ бон. Æз ныр кæуон... Хæхтæй нæ хур дæр бынтондæр ныттылд. Мигъ ма сырх-сырхид йæ сæрмæ фæзынд. Тулын æз дæр Хъæды дæлдæр. ЦЪИТИ Уалдзæджы цъити Дардыл æхситтæй Халы йæ рон. Худгæ, ызгъоргæ, Размæ уый тонгæ Хъазы йæ дон.
Цъитийæн сæрды Цин и йæ зæрды... Тайы йæ тæф. Райсомæй дауы, Розæйыл тауы Хуры уæлдæф.
Фæззæджы цъити Баззади джихæй, Тарæй кæсы. Баци зæронддæр, Зæххыл æсонтдæр Донмæ... лæсы.
Цъити зымæгæй Тарæй, тызмæгæй Зæхмæ кæсы. Цъити бæрзондæй, Сау зæхмæ сонтæй, Уазал хæссы. Date: 2015-09-24; view: 327; Нарушение авторских прав |