Главная Случайная страница


Полезное:

Как сделать разговор полезным и приятным Как сделать объемную звезду своими руками Как сделать то, что делать не хочется? Как сделать погремушку Как сделать так чтобы женщины сами знакомились с вами Как сделать идею коммерческой Как сделать хорошую растяжку ног? Как сделать наш разум здоровым? Как сделать, чтобы люди обманывали меньше Вопрос 4. Как сделать так, чтобы вас уважали и ценили? Как сделать лучше себе и другим людям Как сделать свидание интересным?


Категории:

АрхитектураАстрономияБиологияГеографияГеологияИнформатикаИскусствоИсторияКулинарияКультураМаркетингМатематикаМедицинаМенеджментОхрана трудаПравоПроизводствоПсихологияРелигияСоциологияСпортТехникаФизикаФилософияХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника






Хъодзаты æхсар. Токаты Алихан 2 page





«Къутæрты Сабазджерийæн», «Хабæты Мамсырæн», «Æгæр тынг æфхæрд дæн фыррæстæй» æмæ иннæ æмдзæвгæтæ семыдзаг сты хъыг æмæ рисæй, арф хъуыдытæ æмæ мидхъуырдухæнтæй. Алиханæн йæ ныхасы сæр сты йæ «бæсты сагъæстæ», йæ «дзыллæйы зæрдæ». Къаннæг Ирыстон æмæ стыр дуне, адæймаг æмæ æхсæнад, цард æмæ фидауц — уыдон сты поэты дзуринæгтæ, «йæ низы кой». Адæмы сæрвæлтау йæ уд чи суæлдай кодта, уый хъысмæт зын æмæ тæссаг у, фæлæ уыцы тæссагдзинады ис амонд, царды нысан. Уыцы зын æмæ тæссагдзинад фæдывæр вæййынц, дæ тох æмæ хъизæмæрттæ дын адæм куынæ 'мбарой, бахъуаджы сахат дæ уæлхъус куынæ æрбалæууой, уæд.

Федтон: дæ хуылфы зындзинады тынтæ
Саутар хæлуарæг нывæнды дæуæн...
Хъусын, уынæргъыс мæнау ды дæ риуæй,
Бирæ хъæдгæмттæ дæ зæрдæ ныццис.
Зонын, цъæх ихтæ хæрыс ды Зæриуæй,
Ихæй нæ кæны, нæ, къаддæр дæ низ...
Ацыдтæ. Хизыс ды къæдзæхты сæртæм,
Ризы, дзыназы дæ хъæлæс дæуæн...
Хъусыс ды, хъусыс, дæ хъус дæ нæ сайы:
Чидæр дæм дзуры кæцæйдæр сæрæй.
Нæ, уый дын къæдзæх дæ зæрдæ фæсайы,
Дзуры дæ дзырдтæ: «Уæууæй, гъе, уæууæй!»
(«Къутæрты Сабазджерийæн»)

Балцвæллад, низæфхæрд, куыстдомд адæймаг æгомыг хæхты астæу фæдисхъæр кæны, сиды дзыллæмæ, цæмæй райхъал уой, рацæуой тохмæ, дунейы рухсмæ, фæлæ йын дзуапдæттæг нæй, æрмæст æм азæлд фæстæмæ æрхæссы йæхи хъæлæс. Адæймагæн йæ маст йæ хъуырмæ схæццæ, кæуыны онг ссис, уымæн æмæ утæппæт хъизæмæрттæ æвзары, «Иры дзæбæхмæ» кæй бæллы, æрмæст уый тыххæй, афтæмæй йæ фарс фæхæцæг нæй. «Къутæрты Сабазджерийæн», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæйæн йæ эмоционалон тых уæлдай тынгдæр сæмбырд йæ кæронбæттæн рæнхъыты. Маст бынтондæр схæлбурцъ кодта: «Афтæ нæ зардыл нæ цæссыг лæдарæм. Ку ды, нæ Ирыл кæугæ ды, кæугæ!»

М. Горький адæмы дих кодта хицæн къордтыл: рахизырдыгæй — бæрцæй къаддæр чи у, фæлæ йæхи бахъахъхъæныны тыххæй алцæмæй дæр ифтонг чи у, уыдон, галиуырдыгæй — бæрцæй фылдæр чи у, фæлæ айдагъ къухтæ æмæ æмсæр, æмбар уæвыны бæллицæй дарддæр хæцæнгарз кæмæ нæй, уыдон. Уыцы дыууæ къорды æхсæн быцæу кæны карзæй-карздæр, боныфæстагмæ хъуамæ рахиза æргом хæстмæ. Дыккаг къорды (ома, кусæг адæмы) риуы судзы сæрибары рухс, æмæ сæ уый хъуамæ æркæна уæлахизмæ. Дыууæ къорды астæу фырадæргæй æнæсæрфат цоппай кæнынц мечантæ. Уыдон уынынц: дыууæ къордæй иумæ дæр бафидауыны зонд нæй. Рахиз къордимæ баиу уаиккой, фæлæ сæ цæсгом нæ хъæцы, галиуырдæм ацæуын та уæндгæ нæ кæнынц. Цы чындæуа? — катай систой мечантæ. Лæджыхъæд сæм нæй, мæгуыр. Лæджыхъæд кæмæ ис, ахæм адæймæгты æрмæст театры сценæйы фенынц. Фидæныл хъуыды кæнын сæ нæ фæнды, социалон трагизм бамбарын сæ бон нæу. Гъе æрмæст мæлæты уæлхъус фыртарстæй гæртт-гæртт кæнын байдайынц. «Меæанство — проклятие мира; оно пожирает личность изнутри, как червь опустошает плод; меæанство — чертополох; в шелесте его, злом и непрерывном, неслышно угасает звон моæных колоколов красоты и бодрой правды жизни. Оно — бездонно жадная трясина грязи, которая засасывает в липкую глубину свою гения, любовь, поэзию, мысль, науку и искусство» (М. Горький. Собрание сочинений в 30-ти томах. Т. 24, 78 фарс).

Æхсæнады уыцы стыр фыдбылызы ныхмæ йæ поэтикон сисæй, йæ цыргъзонд æмæ араугæ ныхасæй карз тох самадта Токаты Алихан:

Мæн гъеныр дисæй фæрсынц:
«Цæмæн æппарыс дæ цард?
Цæмæн дæ фыдхуыз, æнкъард?» —
Мæ фæстæ джихæй кæсынц.

Мæллæг хъæлæсæй зæгъын:
«Уæдæ куыд? Цы кæнон ныр æз?
Мæ удæн куыиæ и фæрæз
Сымахау... Зын у цæрын...
………………………

Сау лæг мыи айста мæ худт.
Зæрдæйы сау дур фыцы.
Фидар ыл сау сынт хæцы...
Уый тыххæй нал дæн рæсугъд...»

«Æвгъау бæргæ уыд дæ сæфт...
Цæугæ, дæ низ ныл хæцы.
Цæугæ, иæ туг дæ тæрсы.
Цæугæ, фæкæ ныр хæрзсæфт!»

Мæ фæстæ дуртæ æхсынц.
Цæуын сындæггай æз дæр.
Фæрыст сæ дзырдтæй мæ сæр,..
Дзурынц... Худынц... Хæрынц...
(«Æнæмæт адæм»)

Дзыллæйы сæрыл йæ уд нывондæн чи хаста, уыдонæн уæлдай зындæр уыд, ирон царды капиталистон ахастдзинæдтæ тынгæй-тынгдæр куы фидар кодтой, «адæмтыл зыд, кæрæф» куы бахæцыд, «исбоны фæдыл стонг фосау» куы сæфтысты, уыцы уавæрты. Хæст пайдайы хос уыди бонджынтæн, уыдон нæ ауæрстой æфхæрд адæмы фæстаг муртæ сæхи бакæныныл. «... Алыхуызон цæлхдурты ныхмæ æнæ тохгæнгæ нæ бон нæу, стæй тох кæнын дæр хъæуы, — фыста Алихан 1915 азы 31 майы Къутæрты Сабазджеримæ. — Дзæнæтмæ фæндаг чи ссардта æмæ йын йæ сындзджын бацæуæнтæ ссыгъдæг кæнын кæй фæнды, цæмæй йæм иннæты бон дæр уа цæуын, уый хъуамæ фæсвæдмæ ма здæха, фæлæ ныфсхастæй лæгæрда уыцы сындзджын фæндагыл. Хъуыды ма кæныс Надсоны фыст: «О горячий песок и об острый гранит ты изранил усталые ноги».

Денджызон скъолайы фæлмæцгæ кодта Алихан. Йæ уд поэзийæн нывгонд уыди, хæстон хъуыддæгтæм йæ зæрдæ нæ ради. Йæ бинонтæ, йæ къабæзтæ та йæм афицер суæвынмæ æнхъæлмæ кастысты. Лæппумæ афицеры ном ницы каст, йæ сæрмæ йæ нæ хаста, уымæн æмæ, Брытъиаты Елбыздыхъойы пьесæйы геройтæй иуы загъдау, «цинтæ сæрибар лæгæн æрмæстдæр хъадамантæ сты!» Алихан йæ фыстæджыты афицеры кой кæддæриддæр ракæны æлхыскъ-æмхасæнты. «Ха-ха-ха, я — офицер!» — фыста 1915 азы 12 ноябры Къутæрты Сабазджеримæ.

Поэтæн иудадзыг йæ цæстмæ дардтой йæ революцион куыст. Каникулты-иу Дæргъæвсмæ куы 'рбацыд, уæд ын бирæтæ уайдзæф кодтой. Алиханы хо Мария афтæ зæгъы: «Иуахæмы Темырболат Бакуйæ нæхимæ фыстæг æрбарвыста, Алихан, дам, цыдæр бæлсæвиччытимæ йæхи сбаста. Нæ мад Дзго уыцы фыстæг куы райста, уæд æй хъæуыхицау Хæдзарæгаты Ханджеримæ бахаста, бакæс мын æй, зæгъгæ. Ханджери бакасти фыстæг æмæ Дзгойæн загъта: «Хорз сахуыр кодта дæ фырт — дæлæ дын басякк сси. Темырболаты фæллæйттæ дæр ма доныкъусы сæфт фæкодтой...» Мад куыннæ нырдиаг кодтаид! Æрбахаста фыстæг катайгæнгæ æмæ йæ кæсынмæ радта Тамбиаты Алмахситмæ. Уый растдæр лæг уыд, æмæ фыстæг куы бакаст, уæд Дзгойæн бамбарын кодта, бæлсæвиччытæ чи сты, уый. Мадæн, мæгуыр, йæ зæрдæ фæлæууыди, фæлæ лæппумæ уайдзæфы ныхæстæ арвыста. Уый фæстæ Алиханæй ног фыстæг райстам. Уыди дзы йæ къам. Тынг æнкъард уыд — æвæццæгæн æм «басяччыты» хабар чидæр ныффыста».

Раздæр йæхи поэты хорз æмгарыл чи нымадта, уыдонæй йыл бирæтæ сæхи атигъ кодтой, цы хъуыддагыл хæст у, уый куы базыдтой, уæд æм æмгæрон нал цыдысты. Хионты æмæ æддагæтты иудадзыг уайдзæфтæ, дам-думтæ, æдзæстуарзон адæймæгты хахуыртæ æмæ гадзрахат митæ, скъолайы разамонджыты æфхæрæн ныхæстæ æмæ æртхъирæнтæ... Иу дзырдæй, поэты алыварс сæвзæрди маргæйдзаг атмосферæ. Уыдæттæм-ма бафтау мæгуырдзинад, иудадзыг æхцахъуаг. Поэтæн ма уыдис иунæг æнувыд æмгар — Къутæрты Сабазджери, æмæ уымæй дæр фæхицæн.[6] Алиханы сфæлдыстадон куыстмæ æппындæр нал æвдæлдис. Утæппæт мæстытæ йын, ай-гъай, йæ зæрдæйы уагътой арф фæд.

1916 азы фæззæджы амард Алиханы фыд Инус. Поэты судзгæ фыдтыл ма бафтыд ноджыдæр иу. Фæстагмæ ахæм зилдухæнты бахауд, æмæ йын денджызон скъола фæуыны фадат нал уыди. 1916 азы октябры ныууагъта йæ ахуыр æмæ æрбаздæхт йæ райгуырæн хæхбæстæм.

***

Февралы революцийыл Алихан сæмбæлди стыр цинимæ. «Æппæты фыццаг хæрзæггурæггаг фæдæн нæ хæхтæм уæгъдибары тыххæй, фæлæ ныр цы фæци мæ мæгуыр Ирыстон, нæ зонын. Æнхъæлдæн æмæ, нырма не 'фсæст, йæхи ахуыргонд чи хоны, уыцы адæм хуыссынц, нæма райхъал сты. Акалдтон дзы иукъордыл мæ карз масты пырхытæ. Нæ фыццаг зылды пъырыстыфимæ æвзæр фæхыл дæн», — фыста Алихан фæстæдæр Ригæйæ.

Поэты цин бирæ нæ ахаста. Рæстæгмæ хицауады политикæйæ фæфыдæнхъæл, йæ зæрдæмæ рухсы цъыртт нал цыди. 1917 азы ныффыста æмдзæвгæ «Æз кæуын, дзыназын...» Æнæгуырысхойæ зæгъæн ис: уый Рæстæгмæ хицауады галиу миты ныхмæ фыст у. Алы рæнхъæй дæр хъуысы уды фæдисхъæр, æнкъарæнты «æнуд цъæхахст». Поэт риссы, рагæй кæмæ бæллыд, уыцы уалдзæг æй кæй фæфыдæнхъæл кодта, ууыл:

Тарф зымæг мæ хордта, тарф зымæг мæ надта,
Тарф зымæг мæ надпга, зæрдæ дзы пыссуй.
Уалдзæг мæ фæсайдта, дидинджытæ радта,
Дидинджытæ радта сау халонæн уый.

Сау халон фæхæссы, сау халоп сæ хъазы,
Сау халои сæ хъазы фаджысы сæрыл.
Уый мæнмæ ныр уасы, адæмы туг нуазы,
Адæмы туг нуазы алы ран зæххыл.

Фехсынæввонг фатау алы рæнхъ дæр у æлвæст, ифтыгъд: «Бахус и мæ хъæлæс, нал хъуысынц мæ хъæртæ. Йа Хуыцау, мæ хъæртæй фехъуысæд дæм иу!»

Алихан иудадзыг мысы йæ райгуырæн бæстæ, цинæй, фыдæбонæй, мастæй цыдæриддæр æвзары — иууылдæр баст сты йæ чысыл Ирыстонимæ. 1917 азы 27 июлы Къутæрты Сабазджеримæ кæй рарвыста, уыцы фыстæджы ахæм рæнхъытæ ис: «Æртæ мæйы аивгъуыдта, хъысмæты азарæй æз «æнтæф» Цæгатмæ куы рафтыдтæн, уæдæй нырмæ. Æз дæн Ригæйæ дыууæ версты æддæдæр... Ныббатæ кæн мæн тыххæй Кавказы сау гуымиры дуртæн. Кæд иронæй демæ исчи ис, уæд сын сæ къухтæ æрæлвас. Уæ, æфсымæртæ, куы бафсæдат, уæд-иу рох ма кæнут уæ мад-Ирыстоны. Афтæ сын зæгъ».

1917 азы фæззæджы Алихан сыздæхтис Ирыстонмæ æмæ æнувыдæй архайын райдыдта революцион-демократон парти «Кермен»-ы куысты. Уымæн æвдисæн сты, архивты цы суагъæтæ баззад, уыдон. Мæнæ скъуыддзæгтæ 1917 азы 16 декабры суагъæйæ: «Уæлладжыры комы сусæгкуыстгæнджыты æмбырд. Ис дзы Дæргъæвсы комы сусæгкуыстгæнджыты разамонæг Токаты Алихан. Æмбырд уынаффæ хæссы: Терчы бæстæйы бирæ алыхуызон политикон къордтæ кæй фæзынд, уæлдайдæр та меныыевикты æмæ эсерты къордтæ (разамынд та сын дæттынц националистон интеллигенцийы минæвæрттæ), уымæ гæсгæ уыцы къордты куысты ныхмæ æрæвæрын хъæуы нæхи болыдевикон куыст. «Кермен»-ы организацимæ æнувыддæрæй хонын хъæуы фæллойгæнæг адæмы, уымæн æмæ адæм номдзыд хъæбатыр Чермены тох сæ зæрдæмæ хæстæг исынц æмæ, уый номыл цы организаци ис, уымæ дæр разæнгарддæрæй цæудзысты... Адæмы галиу фæндагыл чи ардауы, уыцы интеллигенцийы ныхмæ саразын хъæуы æнауæрдон тох... Токаты Алиханæн фæдзæхст уæд, цæмæй нын арæхдæр хъусын кæна Дæргъæвсы комы хабæрттæ. Сæрдар — Хоранты Т. Секретарь — Къутæрты С»

1918 азы Токаты Алиханы равзæрстой Терчы республикæйы уæлдæр оргæн — Адæмон Советмæ. Поэт сси Терчы бæстæйы фыццаг Советон хицауады уæнг (История СевероОсетинской АССР. Советский период. Орджоникидзе. 1966. 39 фарс).

Контрреволюцион тыхтæ сæ куыст нæ уагътой. 5 августы уыдон æрбабырстой Дзæуджыхъæумæ. Уыцы цауты тыххæй зынгæ революционер Ботъоты Амырхан афтæ фыста: «С. Орджоникидзейы амындмæ гæсгæ ирон отрядтæ иугонд æрцыдысты æмæ дзы рауад иу егъау отряд. Уый уыди Дзæуджыхъæуы. Командæгæнæгæй йын снысан кодтой Тауасийы-фырты, йæ хæдивæгæй — мæн, штабы хицауæй Зорттаты Уырысбийы, хæдзарады хъуыддæгты командиры хæдивæгæй — Бутаты Хъазыбеджы. Дзæуджыхъæуы æнтыстджынæй арæзт цыд ирон бæхджын отряд. Революцийæ нырмæ фыццаг хатт немæ æрбаиу сты сæдæ æфсæддоны Куырттаты комæй, иу сæдæ та — Дæргъæвсы æмæ Санибайы районтæй. Отряд кæронмæ саразыны хъуыддаг бакъуылмпы, Деникины æфсæдтæ Терчы республикæйы зæхмæ кæй æрбафсæрстой, уый фыдæй. Орджоникидзе бардзырд радта Тауасийы-фыртæн фронтмæ ацæуыны тыххæй. Дзæуджыхъæуы та ма хъуамæ баззадаид, æз командæ кæмæн кодтон, ахæм дыууæсæдæ æфсæддоны (сотняты командиртæ — Токаты Алихан æмæ Къарджиаты Алыксандр» — (Гражданская война в Северной Осетии. Орджоникидзе. 1965. 60 фарс).

Дарддæр Ботъоты Амырхан фыссы, Дзæуджыхъæуы, дам, цы дыууæсæдæ бæхджын æфсæддоны баззад, уыдон Августы цауты агъоммæ æрвылбон бæрæг кодтой, Джызæлы, Æрхоны станицæйы æмæ Беслæныхъæуырдыгæй уавæр куыд у, уый. Иуахæмы та бæрæгдзау куы ацыдысты, уæд Дзæуджыхъæуы алыварс æртыхстысты урсытæ, æмæ не 'фсæддонтæн фæндаг нал уыди горæтмæ: ацыдысты кæмттæм æмæ сарæзтой партизанты къордтæ.

1919 азы октябры уыд Иры хæххон районты сусæгкуыстгæнджыты конференци. Уый уынаффæ рахаста æппæт кæмтты тыхтæ æрбаиу кæнын æмæ сæ урсгвардионты ныхмæ саразын. Ирыстоны хæххон районты большевиктæн иумæйаг разамынд дæттыны тыххæй æвзæрст æрцыди Центрон Комитет. Уыди дзы Токаты Алихан дæр.

Поэт иудадзыг агитаци кодта адæмы деникинонты ныхмæ, сидти болыневикты хъуыддагыл иузæрдион уæвынмæ. Уыйадыл æм бынтондæр схæрам сты ног цардæвæрды знæгтæ. Балбирæгътау йæ фæдыл бафтыдысты алыхуызон æвзæргæнджытæ. Бирæ тухитæ, бирæ æххормаг бонтæ, æнæхуыссæг æхсæвтæ арвыста уыцы змæст заманы. Урсгвардионтæ-иу комы куы фæзындысты, уæд æй къуыригæйттæ æмбæхсын хъуыди талынг хъæдты, уымæл æмæ уазал лæгæтты. Токаты Лизæ афтæ дзырдта: «Алихан-иу дыгай къуыритæ фæци лæгæтты. Лæгæт хæдзармæ дард уыд. Æз æмæ Гадæккæй (Алиханы кæстæр æфсымæрæй) уæлдай йæ бинонтæй ничи зыдта. Куы йæ базыдтаиккой, уæд æм хæцыдаиккой. Хистæртæ йын иудадзыг уайдзæфтæ кодтой. Уымæ гæсгæ йæ мах дæр нæ хъæр кодтам. Хæринагæн ын исты амæлттæ хъуыди. Зæронд уоиу йæ хæндыджы цыхтытæ иугай нымайын нæ зыдта, фæлæ-иу сæ къæйттæ скодта. Дыгæйттæ кæнæ дзы суанг цыппæргæйттæ радав, уæд-иу сæ нæ базыдта, фæлæ дзы иу систай — æнæмæнг-иу рахъæр уыдаид. Гъемæ-иу дзы мах кæнæ дыууæ кæнæ цыппар систам. Алиханæн лæгæтмæ хæринаг Гадæкк хаста. Хъæумæ-иу урсыты отряд куы 'рбацæйцыд, уæд-иу Алихан лæгæты йæхи бафæсвæд кæныны размæ мæнæн бафæдзæхста: «Æз лæгæтæй ардæм кæсдзынæн. Отряд куы ацæуой, уæд-иу дæ урс кæлмæрзæн акæн æмæ-иу Стырдоны былмæ рауай, ницы фыдбылыз ракодтой, уый цæмæй зонон, уый тыххæй». Æрчъиты-иу йæ къæхтæ схаудтой, хъæбæр фæсалы фæдтæ сыл-иу носты хуызæн баззадысты. Иу хатт та йын мæ цъындатæ радтон».

Æвæццæгæн, уыцы хъизæмайраг бонты райгуырдысты мæнæ ацы рæнхъытæ:

Хæгпын æз хæхтыл, цæуын æз хъæдты,
Цæуыи.
Цæуын цыргъ къæйтыл, фыдлыг — мæ къæхтæ.
Кæуын.
Бырын фыдкъулты, бырын сындзытыл,
Бырын.
Кæнын хуынчъытæ, уынын сынчытæ —
Фыдрын.
(«Хæтын æз хæхтыл...»)

Поэт тыхтæ-фыдтæй уромы йæ маст, цырен артыл судзæгау кæны йæ зæрдæ, суанг ын йæхи бинонтæ дæр йæ рæстдзинад кæй не 'мбарынц, сæ уайдзæфтæ, се 'фхæрæн ныхæстæй йæ йæ хъуырмæ кæй скодтой, уый тыххæй. Уымæн æвдисæн йæ иннæ æмдзæвгæ «Цæссыг»:

Расырдтат, расырдтат мæн ныр мæ тар хъæуæй,
Сурут мæ, сурут. Мæн дуртæй цæвут.
Дзурын æз, дзурын æз: «Сау цард мæ нал хъæуы».
Цæй-ма, фæрсын уæ: цы дарын, зæгъут?

Йæ бинонтæй чи фæхауæггаг, æнæкъабаз, æнæхæдзарау, хъодыгондау уазал лæгæтты чи хиты, уыцы æфхæрд зæрдæйы уынæргьын, йæ хæтæгхуаг бæлццоны фæстæ кæугæ, дзыназгæйæ чи баззад, уыцы æнамонд ныййарæджы æнкъард цæстæнгас, Рухс æмæ Талынджы æнæбафидаугæ хъуырдухæн æмæ кæронбæттæны ныфсхаст, мажорон хъæлæсыуаг — ахæм цардхъом уидæгтæй сырæзыд уацмыс, ахорæнтæй дзаджджын, æнкъарæнтæй йемыдзаг. Ахорæнты контраст (тар, сау — фæлурс, æрттивгæ, Рухс) æнгом баст у зæрдæйы мидуавæримæ, хъайтары удысконд æмæ йæ алыварс дунейы хæрам тыхты ахастимæ. Æппæт уыцы тæссаг драматикон уавæрæй райгуыры ахадгæ философон хатдзæг, райдзаст сæрдыгон арвау парахат хъуыды:

Сурут. Цæвут мæ сымах ныр уæ сау дуртæй.
Рамбырд кæндзынæн æз уыдонæй цæнд.
Фендзыстут, фендзыстут сау дурты сау муртæй,
Сау мур ныккæндзæни уыдон уæ фæнд.

Сау дуртæй самайдзæн аргъуан мæ сау зæрдæ,
Аргъуан — æрттивгæ, æрттивгæ, фæлурс.
Талынджы нал уыдзæн, нал, нал уæззау хъæртæ,
Талынджы фендзыстутп, м' адæм, мæ рухс.

Æрттивгæ аргъуан — æфхæрд, хæрам, гадзрахат митæ, мæгуырдзинад, тыхтона, сайд æмæ æндæр галиу хъуыддæгты бынаты чи хъуамæ сырæза, ахæм дзыхъхъынног цардæвæрды бакастджын фæлгонц. Æрттивгæ аргъуан — лыстæг дам-думтæ, хахуыртæ, æдзæстуарзондзинад, хæлæг æмæ, адæймаджы зæрдæ гуылмыз кæмæй кæны, йæ зонд ын цъыфдзастмæ чи здахы, æппæт уыцы низты ныхмæ лæууæг рухс идеал. Æрттивгæ аргъуан — поэзийы бæстæ, аивады уæлхох быдыр, кувæндонау уаз галуан. Уырдæм цæуын нæ фæччы æлгъаг, дæлæмæдзыд удтæн. Æмдзæвгæйы ис, адæймагæн фыццаг бакастæй йæ цæст кæуыл не 'рхæцы, фæлæ ахсджиаг чи у, ахæм фæзилæнтæ. Мæнæ сæ иу: «Фендзыстут, фендзыстут сау дурты сау муртæй, сау мур ныккæндзæни уыдон уæ фæнд». Ома, ме 'мзæххонтæ, нырма бæлвырдæй нæма æмбарут, дзыллæйы лæгтæн, адæмы хæрзæджытæн сæ тох, сæ хъизæмæрттæ цæй охыл сты, уый, фæлæ йæ куы бамбарат, уæд уæхæдæг уæхи хъару, уæхи зондæй, æмдых-æмвæндæй бавналдзыстут, ныртæккæ растыл, хæрзæгъдауыл, фæткыл кæй нымайут, уыцы галиу хæрамхæссæг æгьдæуттæ, цардыуаг, мæн азымы цæй тыххæй дарут, уыцы миниуджытæ та райдайдзыстут фæзмын, стауын. Æмдзæвгæйы уынæм, дзыллæйы сагъæстæ йæхи уды сагъæстæй уæлдæр чи æвæры, стыр идеалты сæрвæлтау йæ цард дæр чи суæлдай кæндзæн, ахæм адæймаджы фæлгонц.

«1919 азы кæрон æмæ 1920 азы райдайæнмæ Цæгат Ирыстон уыди хæстон лагеры хуызæн. Кæд хицауиуæггæнæджы ном урсытæ хастой, уæддæр хъуыддагæн разамынд болыпевиктæ лæвæрдтой», — фыст ис «Цæгат Ирыстоны партион организацийы историйы очеркты» (чиныгуадзæн «Ир», 1969). Болыпевикты партийы Ирыстоны сусæгкуыстгæнæг комитет 1920 азы 1 февралы фыстæджытæ арвыста, хæхбæсты Советон хицаудзинадыл æнувыддæрæй чи тох кодта, уыдонæй цалдæрмæ. Мæнæ Токаты Алиханы номыл æрвыст фыстæг: «УК(б)П-йы Кавказы хæххон организациты Цæгат Ирыстоны зылды комитеты уынаффæмæ гæсгæ дæуæн хæсгонд цæуы Дæргъæвсы æмæ Санибайы кæмтты æвæстиатæй райкомтæ саразынмæ бавналын. Райкомтæ саразыны тыххæй цы суагъæтæ ныффыссат, уыдонæн сæ къопитæ хъуамæ æрвыст æрцæуой Цæгат Ирыстоны зылды комитетмæ» (Борьба за Совето кую власть в Северной Осетии. Орджоникидзе, 1972. 332 фарс).

Уыцы аз Алихан кусын райдыдта Ирыстоны зылды революцион комитеты зæхгуысты хайады.

Фæстæдæр Ирыстон дих æрцыд фондз районыл. Алиханы снысан кодтой Джызæлы районы ревкомы сæрдарæй. Бирæ фæндтæ, бирæ райдзаст нысантæ уыди поэтмæ. Фæлæ йæ къухы нæ бафтыдысты. Иуахæмы та Дæргъæвсмæ куы бацыд йæ бинонты фенынмæ, уæд сæ тифæй рынчынæй баййæфта. «Алихан ма горæтмæ бæргæ рауади, хостæ самал кæнон, зæгъгæ, фæлæ ма йæхæдæг дæр фæо тæмæ куыддæртæй, йæ сæр зылди, афтæмæй бахæццæ», — зæгъы Токаты Мария. Уыцы рынчынæй хостæ агургæйæ фембæлд, æвæццæгæн, йæ уарзон чызг Мæхъиты Верæйыл дæр. Верæйы ныхæстæм гæсгæ, Алиханæн йæ буар тæвд кодта, йæ цæстытæ уыдысты фæлладхуыз. Чызг ын дзырдта, рынчындонмæ бацу, æмæ дын исты хос скæной, зæгъгæ, фæлæ Алихан цæхгæр «нæ»-йыл ныллæууыди. Мæ бинонтæ, дам, иууылдæр нæфæразгæ, афтæмæй æз та мæхи уды кой бакæнон? Уыцы бон Алихан фæстæмæ хохмæ ацыди. Верæ æмæ поэтæн уый уыди сæ фæстаг фембæлд.

Дарддæр байхъусæм Токаты Марияйы ныхæстæм: «Æртæ къуырийы тифæй фæсæйыны фæстæ нæ мад амард. Алиханы кæстæр æфсымæр Гадæкк фæрынчын. Æз мæхæдæг дæр æруатон дæн. Алиханы хуыссæн уыди рæбынæй. Мæнæн ме 'ргом — рудзынджырдæм. Иу рæстæг нæм фæзынди нæ мадырвадæлтæй иу лæг — Базыраты Хадзыбечыр, Хадыхъаты куыройы æххуырстæй куыста. Уый размæ дæр ма Дæргъæвсы дыууæ къуырийы бæрц фæци. Махмæ дæр, стæй йæ фыдыхомæ дæр. О, æмæ уыцы рынчынтæ куы уыдыстæм, уæд нæм æрбауади. Раст Уациллайы бонты.[7] Адæм кувæндæттæй здæхтысты Хъобанмæ æмæ æндæр рæттæм. Гъемæ нæ хæстæджыты ус дæр махыл йæ фæндаг ракодта. Йæ хотæ дæр — йемæ. Алихан сын-иу загъта, ацæут, ацы низ хæцгæ кæны, æмæ дзы уæхи хъахъхъæнут, зæгъгæ. Абадтысты иуцасдæр, стæй фæраст сты. Уалынмæ нæм æрбацыди бæрзондгомау сырхцъар лæг. Урс цухъхъа йыл. Хъахъхъæдуйраг дæн, загьта, йæхи цыма Белеккатæй хуыдта. Уæ бон хорз, загъта, афæрстытæ кодта хабæрттæй, стæй Алиханæн афтæ: «Æххуырст мæм уыдис æмæ мын мæ фыстæй дыууадæс фесæфта. Гъемæ дæ афæрсинаг уыдтæн, цы йын бакæнон, уымæй». Алихан ын дзуапп радта: «Кæд мæгуыр лæг у, уæд ын цы кæныс? Фесæфтысты æмæ ма сын ныр цы счындæуа, мæгуыр лæгæй цы ратондзынæ?!» Ноджы ма ахæм хабар ракодта уыцы лæг: «Дысон та урсытæ æрбабырстой æмæ горæтæн йæ фаллаг æмбис байстой. Иннæ æмбис дæр уыдонмæ хъæуы». Алихан йæхи фæтар кодта, æмæ дзы ныхас ницы схауди, фæлæ уыцы тыхстхуызæй иуцасдæр хуыссыди. Уазæг сыстад æмæ рацыд. Уациллайы бон дыццæджы вæййы. Цыппæрæмы та адæм дзуармæ фæцæуынц. Низджынтæ, зондцухтæ, æвзæргæнджытæ æмæ æндæрты акæнынц Гудцаты кувæндонмæ. Уыцы лæг нæм раст цыппæрæмы уыди. Адæм иууылдæр куывдмæ ацыдысты. Мах иунæгæй баззадыстæм уаты. Иннæ уаты Гадæкк катай кæны.

Date: 2015-09-24; view: 419; Нарушение авторских прав; Помощь в написании работы --> СЮДА...



mydocx.ru - 2015-2024 year. (0.006 sec.) Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав - Пожаловаться на публикацию